Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД

Мӕ зӕрдӕ уыд мастӕй йедзаг ӕмӕ уыдтӕн тынг мӕстыгӕр

Мӕ зӕрдӕ уыд мастӕй йедзаг ӕмӕ уыдтӕн тынг мӕстыгӕр
  • РАЙГУЫРД: 1974 АЗ

  • БӔСТӔ: МЕКСИКӔ

  • РАЗДӔР: МӔСТЫГӔР, ХЫЛМОНДАГ ЛӔППУ

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД.

Ӕз райгуырдтӕн горӕт Сьюдад-Мантейы, штат Тамаулипасы (Мексикӕ). Горӕты цӕрджытӕн сӕ фылдӕр сты хӕларзӕрдӕ ӕмӕ рӕдау. Фӕлӕ дзы фыдгӕнджыты къордтӕ кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ дзы цӕрын тынг тӕссаг уыд.

ах уыдыстӕм цыппар ӕфсымӕры. Ӕз уыдтӕн хистӕры кӕстӕр. Мӕ ныййарджытӕ мӕ католикон аргъуанмӕ акодтой ӕмӕ мын уым аргъуыд радтой. Фӕстӕдӕр зарыдтӕн аргъуаны хоры. Хуыцауы зӕрдӕ ссарын мӕ фӕндыд, уымӕн ӕмӕ тынг тарстӕн, йӕ фыдӕх мӕ куы баййафа ӕмӕ ӕнустӕм зындоны арты куы судзон.

Фондз азы мыл куы цыд, уӕд нӕ нӕ фыд ныууагъта. Ӕз тынг маст кодтон ӕмӕ мын цыма мӕ зӕрдӕ мӕ риуӕй систой, афтӕ уыдтӕн. Тынг бирӕ йӕ уарзтам, ӕмӕ йӕ не ’мбӕрстон, цӕмӕн нӕ ныууагъта, уый. Цыппар фырты фӕдарыны тыххӕй нӕ мад ӕдзух кодта кусгӕ ӕмӕ-иу хӕдзары нӕ уыд.

Хабар афтӕ кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ-иу уроктӕй алыгътӕн ӕмӕ мӕхицӕй хистӕр сывӕллӕттимӕ слымӕн дӕн. Уыдон мӕ сахуыр кодтой ӕвзӕр дзыхӕй дзурын, дымын, давын ӕмӕ тымбыл къухӕй цӕвын. Хыл кӕнын кӕй уарзтон, уый тыххӕй сахуыр дӕн хъӕбысӕй хӕцын, къухӕй ӕмӕ къахӕй цӕвын, стӕй алыхуызон хӕцӕнгӕрзтӕй ӕхсын. Ӕз сдӕн тынг ӕгъатыр. Арӕх-иу ӕхстыты бахаудтӕн ӕмӕ мӕ цалдӕр хатты мӕ туджы мӕцгӕйӕ уынджы мардӕфсон ныууагътой. Мӕ мад-иу мӕ ахӕм хуызӕнӕй куы ссардта, уӕд-иу мӕ рынчындонмӕ аскъӕфта. Тынг бирӕ маст ын бавзарын кодтон!

16 азы мыл куы цыд, уӕд нӕм ме ’мбал Хорхе уазӕгуаты ’рбацыд. Загъта нын, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй у, ӕмӕ йӕ кӕй фӕнды цыдӕр ахсджиаг хабар радзурын. Хорхе нын Библийӕ равдыста, цӕуыл ӕууӕндыд, уыдӕттӕ, стӕй нын загъта, цӕмӕй йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтаиккам, ӕмӕ мах дӕр сразы стӕм.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА.

Зындон кӕй нӕй, уый Библийӕ куы базыдтон, уӕд сулӕфыдтӕн (Псалом 146:4; Екклесиаст 9:5). Ӕмӕ нал тарстӕн, Хуыцау мыл йӕ фыдӕх кӕй ныккалдзӕн, уымӕй. Хуыцаумӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтон – йӕ хъӕбулты чи уарзы ӕмӕ сын йӕ зӕрдӕ ’рмӕстдӕр хорз кӕмӕн зӕгъы, ахӕм фыды хуызӕн мын сси.

Библи цас фылдӕр ахуыр кодтон, уыйас хуыздӕр ӕмбӕрстон, мӕ удыхъӕд мӕ аивын кӕй хъӕуы. Хъуамӕ ахуыр кодтаин сӕрныллӕгдзинадыл ӕмӕ хыл мауал кодтаин. Тынг мын баххуыс кодта 1 Коринфӕгтӕм 15:33 стихы фыст уынаффӕ: «Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз ӕгъдӕуттӕ халгӕ кӕнынц». Ӕмӕ бамбӕрстон, кӕд мӕ фӕндыд мӕ удыхъӕд аивын, уӕд хъуамӕ мауал лымӕн кодтаин, ӕвзӕр зондыл мӕ чи ардыдта, уыдонимӕ. Уӕд мӕ раздӕры ’мбӕлтты ныууагътон ӕмӕ чырыстон ӕмбырды ног ӕмбӕлттӕ ссардтон. Уыдоны ’хсӕн-иу исты куы рауад, уӕд-иу кӕрӕдзимӕ къухӕй нӕ бавнӕлдтой, фӕлӕ-иу фарста Библийы уагӕвӕрдты фӕрцы аскъуыддзаг кодтой.

Тынг ма мын баххуыс кодта, Ромӕгтӕм 12:17–19 стихты цы фыст ис, уый: «Ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй макӕмӕн фидут. [...] Уӕ бон цы у, уый аразут, цӕмӕй алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрат. Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, уӕ маст макӕмӕй исут... уымӕн ӕмӕ афтӕ фыст у: „Мастисӕг ӕз дӕн. Цы сын ӕмбӕлы, уый сын ӕз бакӕндзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ“». Бамбӕрстон, алцыдӕр Йегъовӕйы къухмӕ раттын кӕй хъӕуы, уымӕн ӕмӕ уый хуыздӕр зоны, растдӕр куыд ӕмӕ кӕд бакӕнын хъӕуы, уый. Гыццылгай-гыццылгай мӕ раздӕры митӕ ныууагътон.

Никуы мӕ ферох уыдзӕн, иу изӕр хӕдзармӕ куы фӕцӕйцыдтӕн, уыд мыл цы ’рцыд, уый. Раздӕр нӕ ныхмӕ чи цыди, уыцы бандӕйы лӕппутӕ мыл амбырд сты, ӕмӕ мын сӕ хистӕр мӕ фӕсонтӕ ныццавта ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Ӕндзыг бадӕ! Ды дӕр цӕв!» Ӕз мӕхинымӕр Йегъовӕмӕ скуывтон, мӕхиуыл фӕхӕцынӕн мын баххуыс кӕн, зӕгъгӕ. Мӕхи тыххӕй урӕдтон, фӕлӕ уӕддӕр ацыдтӕн. Иннӕ бон уыцы бандӕйы хистӕрыл амбӕлдтӕн. Мӕ маст райсын мӕ бӕргӕ фӕндыд, фӕлӕ та ногӕй мӕхинымӕр Йегъовӕйӕн балӕгъстӕ кодтон, цӕмӕй мӕхиуыл фӕхӕцыдаин. Ӕнхъӕл дӕр нӕ уыдтӕн, афтӕмӕй мӕм комкоммӕ ӕрбацыд ӕмӕ мын загъта: «Дысоны тыххӕй мын бахатыр кӕн. Раст зӕгъгӕйӕ, мӕн дӕр фӕндид, дӕу хуызӕн куы уаин. Мӕн дӕр фӕнды Библи ахуыр кӕнын». Куыд ӕхсызгон мын уыди, уӕд мӕхиуыл кӕй фӕхӕцыдтӕн! Уый фӕрцы уый дӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдта.

Хъыгагӕн, нӕ бинонтӕй уыцы рӕстӕг мӕн йеддӕмӕ Библи ничиуал ахуыр кодта. Фӕлӕ ӕз фидарӕй сфӕнд кодтон, Библи дарддӕр дӕр кӕй ахуыр кӕндзынӕн ӕмӕ уый бар никӕмӕн ӕмӕ ницӕмӕн ратдзынӕн, цӕмӕй мӕ бакъуылымпы кӕна. Ӕз зыдтон, Хуыцауы адӕмимӕ куы уон, уӕд мӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ кӕй байгас уыдзысты ӕмӕ мын уыдон хорз бинонтӕ кӕй суыдзысты. Мӕ уырнындзинад фидар кодта, ӕмӕ 1991 азы донаргъуыд райстон.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН.

Мӕ зӕрдӕ уыд мастӕй йедзаг, иннӕтыл тых кӕнын уарзтон ӕмӕ уыдтӕн тынг мӕстыгӕр. Фӕлӕ Хуыцауы Ныхасы фӕрцы бынтондӕр аивтон. Ныр иннӕтӕн фӕдзурын Библийы фыст хорз хабар. Фӕстаг 23 азы мӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй дзурын.

Цасдӕр рӕстӕг лӕггад кодтон Мексикӕйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалы. Уым базонгӕ дӕн Клаудийӕимӕ, иу сӕрӕн ӕрыгон сылгоймагимӕ, ӕмӕ 1999 азы нӕ цард баиу кодтам. Ахӕм иузӕрдион цардӕмбал мын кӕй ис, уый тыххӕй Йегъовӕйӕ тынг бузныг дӕн!

Мӕ бинойнагимӕ Мексикӕйы лӕггад кодтам, къухӕйамонгӕ ’взагыл кӕм дзурынц, ахӕм ӕмбырды – хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонӕн Йегъовӕйы базонынӕн ӕххуыс кодтам. Фӕстӕдӕр нӕ фӕхуыдтой Белизмӕ хорз хабар хъусын кӕнынмӕ. Ӕмӕ кӕд хуымӕтӕг цард кӕнӕм, уӕддӕр нӕм алцыдӕр ис, цӕмӕй амондджын уӕм. Нӕ цардӕй тынг райгонд стӕм.

Цасдӕры фӕстӕ та мӕ мад ногӕй Библи ахуыр кӕнын райдыдта ӕмӕ донаргъуыд райста. Мӕ хистӕр ӕфсымӕр, йӕ бинойнаг ӕмӕ се ’ртӕ сывӕллоны дӕр сты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Мӕ раздӕры ӕмбӕлттӕй хорз хабары тыххӕй кӕмӕн дзырдтон, уыдонӕй дӕр чидӕртӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц.

Хъыгагӕн, мӕ бинонтӕй чидӕртӕ амардысты, мӕстыгӕр кӕй уыдысты ӕмӕ сӕ сӕ удыхъӕд аивын кӕй нӕ бафӕндыд, уый тыххӕй. Ӕз дӕр мӕ раздӕры хъуыддӕгтӕ куы нӕ ныууагътаин, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, афонмӕ нал уаин. Йегъовӕйӕ тынг бузныг дӕн, йӕхимӕ ӕмӕ мӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕм кӕй баввахс кодта, уый тыххӕй. Сӕ фӕразондзинад ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинады фӕрцы сахуыр дӕн Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын.