Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уыдон уыдысты цӕттӕ – Филиппинтӕ

Уыдон уыдысты цӕттӕ – Филиппинтӕ

ИУ-ДӔС азы размӕ Грегорио ӕмӕ Мэрилу, фӕйнӕ 30 азӕй фылдӕр кӕуыл цыд, ахӕм лӕг ӕмӕ ус, Манилӕйы пионертӕй лӕггад кодтой ӕмӕ ма ӕнӕхъӕн бон кусгӕ дӕр кодтой. Уый ӕнцон нӕ уыд, фӕлӕ уӕддӕр алцӕуыл дӕр ӕххӕссыдысты. Уый фӕстӕ Мэрилуйы хицауӕй сӕвӕрдтой, цы банчы куыста, уым. Мэрилу зӕгъы: «Нӕ дыууӕйӕн дӕр хорз куыст уыд, ӕмӕ нӕхицӕн „нӕ“ ӕппындӕр ницӕмӕй дзырдтам». Бирӕ ’хца кӕй куыстой, уымӕ гӕсгӕ сфӕнд кодтой, цавӕр хӕдзармӕ бӕллыдысты, ахӕм хӕдзар саразын. Уый хъуамӕ уыдаид рӕсугъд бынаты, Манилӕйӕ иу-19 километры дарддӕр. Хӕдзар саразыны тыххӕй цы фирмӕимӕ баныхас кодтой, уымӕн дӕс азы дӕргъы алы мӕй дӕр хъуамӕ ’хца фыстаиккой.

«ЦЫМА ЙЕГЪОВӔЙӔ ЦЫДӔР ДАВТОН, АФТӔ МӔМ КАСТ»

Мэрилу загъта: «Мӕ ног куыстыл мын уыйбӕрц рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ цыд, ӕмӕ Хуыцауы хъуыддӕгты зӕрдиагӕй нал архайдтон. Цыма Йегъовӕйӕ цыдӕр давтон, афтӕ мӕм каст». Стӕй йӕ хъуыды бамбарын кодта: «Раздӕр Йегъовӕйӕн цы рӕстӕг лӕггад кодтон, уый мын ӕндӕр цӕуылдӕрты цӕуын райдыдта». Грегорио ӕмӕ Мэрилу мӕт кодтой, хабар афтӕ кӕй рауад, ууыл, ӕмӕ иу бон ӕрбадтысты, цӕмӕй сӕ дарддӕры цардыл аныхас кодтаиккой. Грегорио загъта: «Цыдӕр аивын нӕ хъуыди, фӕлӕ цы, уый бӕлвырд нӕ зыдтам. Мах аныхас кодтам, нӕ бон цы у саразын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнӕм, стӕй нын цот дӕр нӕй, ӕмӕ нӕ ницы хъыгдардта. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕмӕ разамынды тыххӕй кувын райдыдтам».

Уыцы рӕстӕг фехъуыстой цалдӕр раныхасы, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ран лӕггад кӕныны тыххӕй. «Дыууӕйӕ дӕр ахъуыды кодтам, уыцы раныхӕсты фӕрцы нын Йегъовӕ нӕ куывдтытӕн дзуапп кӕй радта»,– загъта Грегорио. Мэрилуимӕ Хуыцаумӕ куывтой, цӕмӕй сын фылдӕр уырнындзинад ӕмӕ ныфс радтаид, ӕмӕ раст уынаффӕ рахастаиккой. Иу хъуыддаг сӕ къуылымпы кодта – хӕдзар кӕй арӕзтой, уый. Йӕ аразынӕн ӕртӕ азы ’хца фӕфыстой. Ӕмӕ ныр куыд бакӕндзысты? Мэрилу загъта: «Нӕ хӕдзар нын чи арӕзта, уыдонӕн куы загътаиккам, хӕдзар нӕ нал хъӕуы, зӕгъгӕ, уӕд нын не ’хца фӕстӕмӕ нал радтаиккой, ӕмӕ уыцы ’хца та гыццыл нӕ уыд. Фӕлӕ куыд бакодтаиккам, уымӕй бӕрӕг уыдаид, сӕйрагдӕр нын Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын у ӕви нӕхи». Уыдон ахъуыды кодтой апостол Павелы ныхӕстыл, «алцыдӕр ныууагътон», зӕгъгӕ, ӕмӕ сӕ хӕдзар аразыныл сӕ къух систой, сӕ дыууӕ дӕр сӕ куыст ныууагътой, цы сӕм уыд, уыдӕттӕй бирӕ цыдӕртӕ ауӕй кодтой, ӕмӕ ацыдысты сакъадах Палаванмӕ иу дард хъӕумӕ, Манилӕйӕ иу-480 километры хуссарырдӕм (Фил. 3:8).

«БАЗЫДТОЙ... СУСӔГДЗИНАД»

Сӕ ног бынатмӕ ацӕуыны размӕ Грегорио ӕмӕ Мэрилу сӕхи цӕттӕ кодтой хуымӕтӕг цард кӕнынмӕ, фӕлӕ сӕ куыд тынг хуымӕтӕг цард кӕнын хъӕудзӕн, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ кодтой. «Бынтон афтӕ ӕнхъӕл нӕ уыдтӕн,– загъта Мэрилу.– Ӕппындӕр дзы ницы уавӕртӕ уыд, суанг электрон рухс дӕр. Цӕмӕй-иу хӕринаг сфыхтаиккам, уый тыххӕй-иу нӕ хъуыди сугтӕ ныссӕттын ӕмӕ арт скӕнын. Тынг мысыдтӕн стыр дуканитӕ, ресторантӕ, ӕмӕ мын горӕты цӕргӕйӕ цы фадӕттӕ уыди, уыдон». Фӕлӕ Грегорио ӕмӕ Мэрилу сӕ зӕрдыл дардтой, уырдӕм цӕмӕн ацыдысты, уый, ӕмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ сӕ ног цардыл сахуыр сты. Мэрилу зӕгъы: «Рӕсугъд ӕрдзмӕ ӕмӕ ирд стъалытӕм кӕсын мын тынг ӕхсызгон вӕййы. Уымӕй ӕхсызгондӕр та мын вӕййы, хорз хабар кӕмӕн фӕхъусын кӕнӕм, уыцы адӕмы амондджын цӕсгӕмттӕм кӕсын. Ам лӕггад кӕнгӕйӕ „базыдтам... сусӕгдзинад“ – цы нӕм ис, уый фагыл нымайын сахуыр стӕм» (Фил. 4:12).

«Ӕмбырд кӕй рӕзы, уый нын цы циндзинад хӕссы, уыимӕ ницы ис абарӕн. Нӕ цард дзӕгъӕлы кӕй нӕу, уый ныр куыд ӕмбарӕм, афтӕ никуы» (Грегорио ӕмӕ Мэрилу)

Грегорио дзуры: «Ардӕм куы ’рцыдыстӕм, уӕд дзы уыд ӕрмӕстдӕр цыппар Йегъовӕйы Ӕвдисӕны. Алы къуыри дӕр-иу раныхасимӕ куы рацыдтӕн ӕмӕ-иу Паддзахады зарджытӕ мӕ гитарӕйы цагъдмӕ куы зарыдыстӕм, уӕд-иу иууылдӕр ахӕм амондджын уыдысты, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй». Иу азмӕ уыцы гыццыл къордӕй рауад, 24 зынгзӕрдӕ хъусынгӕнӕджы кӕм уыд, ахӕм ӕмбырд. «Ӕмбырд нӕ бирӕ уарзы, ӕмӕ нын уый тынг ӕхсызгон у»,– загъта Грегорио. Ацы дард ран Грегорио ӕмӕ Мэрилу лӕггад кӕнынц 6 азӕй фылдӕр. Уыдон зӕгъынц: «Ӕмбырд кӕй рӕзы, уый нын цы циндзинад хӕссы, уыимӕ ницы ис абарӕн. Нӕ цард дзӕгъӕлы кӕй нӕу, уый ныр куыд ӕмбарӕм, афтӕ никуы».

«БАФӔЛВӔРДТОН ӔМӔ БАЗЫДТОН, ЙЕГЪОВӔ КУЫД ХОРЗ У, УЫЙ»

Филиппинты, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм бынӕттӕм ацыд иу-3 000 ӕфсымӕры ӕмӕ хойы. Уыдонӕй иу-500 сты, цардӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм хотӕ. Иу дзы у Карэн.

Карэн

Карэныл ныр цӕуы 25 азы бӕрц, схъомыл ис горӕт Баггаойы, Кагаяны. Рӕзгӕ кары куы уыд, уӕд-иу арӕх хъуыды кодта, йӕ бон фылдӕр лӕггад кӕнын куыд уаид, ууыл. Карэн дзуры: «Бирӕ рӕстӕг кӕй нал баззад ӕмӕ алы адӕмтӕ дӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар кӕй хъуамӕ фехъусой, уый кӕй зыдтон, уымӕ гӕсгӕ мӕ фӕндыд ацӕуын, фылдӕр хъусынгӕнджытӕ кӕм хъӕуы, уырдӕм». Карэн Йегъовӕмӕ разамынды тыххӕй куывта, уымӕн ӕмӕ йын йӕ бинонтӕй иуӕй-иутӕ дзырдтой, цӕмӕй искуыдӕм ацӕуыны бӕсты уӕлдӕр ахуырмӕ бацӕуа. Уымӕй уӕлдай ма аныхас кодта, дард рӕтты чи лӕггад кодта, ахӕм хъусынгӕнджытимӕ. 18 азы йыл куы цыди, уӕд ацыд, йӕ райгуырӕн бынатӕй иу-64 километры дарддӕр чи уыд, ахӕм ранмӕ.

Карэн цы гыццыл ӕмбырдӕн ӕххуыс кӕнынмӕ ацыд, уый хъусын кӕны хӕхбӕстӕ ран Филиппинты денджызы был. Карэн радзырдта: «Цӕмӕй Баггаойӕ ног ӕмбырдмӕ бахӕццӕ уыдаиккам, уый тыххӕй фӕцыдыстӕм ӕртӕ боны, куы-иу хӕхтыл хӕрдмӕ схызтыстӕм, куы та-иу бынмӕ ӕрхызтыстӕм, цӕугӕдӕтты сӕрты та ахызтыстӕм 30 хаттӕй фылдӕр». Дарддӕр ма Карэн загъта: «Библи кӕимӕ ахуыр кӕнын, уыдонӕй иуӕй-иутӕм фӕцӕуын 6 сахаты, ӕхсӕвы уыдонмӕ баззайын, ӕмӕ та иннӕ бон ногӕй фӕстӕмӕ хӕдзармӕ 6 сахаты фӕцӕуын». Цымӕ йӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы у? «Иуӕй-иу хатт мӕ къӕхтӕ фӕриссынц,– зӕгъы Карэн йӕ мидбылты худгӕйӕ,– фӕлӕ Библи ахуыр кӕнын 18 адӕймагимӕ. Ӕз „бафӕлвӕрдтон ӕмӕ базыдтон, Йегъовӕ куыд хорз у, уый“!» (Пс. 34:8).

«МӔ НЫФС ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ДАРЫН САХУЫР ДӔН»

Сухи

Сухи цӕры Америкӕйы Иугонд Штатты, моймӕдзыд нӕу, цӕуы йыл 40 азӕй гыццыл фылдӕр. Цымӕ йӕ цӕмӕн бафӕндыд Филиппинтӕм ацӕуын? 2011 азы районон конгрессы куы уыд, уӕд дзы иу лӕг ӕмӕ усӕй интервью истой. Уыдон радзырдтой сӕ дзаумӕттӕй бирӕ цыдӕртӕ кӕй ауӕй кодтой, цӕмӕй Мексикӕмӕ ацыдаиккой ӕмӕ уым хорз хабар хъусын кӕнынӕн ӕххуыс кодтаиккой. Сухи загъта: «Уыцы интервьюйы фӕстӕ хъуыды кӕнын райдыдтон, уымӕй размӕ кӕуыл никуы хъуыды кодтон, ахӕм нысӕнттыл». Сухи у индиаг, ӕмӕ куы базыдта, панджаби ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕн Филиппинты хорз хабар хъусын кӕнынӕн ӕххуыс кӕй хъӕуы, уӕд сфӕнд кодта уырдӕм ацӕуын. Цымӕ исты зындзинӕдтыл сӕмбӕлд?

«Мӕ дзаумӕттӕй цы ныууагътаин ӕмӕ дзы цы ауӕй кодтаин, уый аскъуыддзаг кӕнын мын афтӕ зын кӕй уыдзӕн, уый ӕнхъӕл дӕр нӕ уыдтӕн,– загъта Сухи.– Ӕртындӕс азы мӕ фатеры ӕнӕмӕтӕй фӕцардтӕн, ӕмӕ уый фӕстӕ мӕ бинонтӕм ацыдтӕн. Уым, мӕ дзаумӕттӕ къоппытӕй исгӕ дӕр не скодтон, афтӕмӕй иу цасдӕр семӕ ацардтӕн. Ахӕм уавӕрты цӕрын мын ӕнцон нӕ уыд, фӕлӕ уый фӕрцы мӕхи бацӕттӕ кодтон хуымӕтӕг цард кӕнынмӕ». Цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлд Сухи Филиппинты? Уый зӕгъы: «Алыхуызон хъӕндилтӕй ӕмӕ сасчытӕй кӕй тарстӕн, стӕй мӕ хӕдзар кӕй мысыдтӕн, уымӕй зындӕр мын ницы уыд. Мӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын ныр куыд сахуыр дӕн, афтӕ никуы!» Цымӕ истӕуыл фӕсмон кӕны? Сухи йӕ мидбылты худгӕйӕ зӕгъы: «Йегъовӕ нын дзуры, бафӕлварут мӕ, цымӕ уыл ӕз арфӕдзинад не ’руадзин, зӕгъгӕ. Ацы ныхӕстӕ куыд раст сты, уый уӕлдай тынгдӕр бамбарын, Библийы тыххӕй кӕимӕ фӕныхас кӕнын, уыцы сылгоймаг мӕ куы афӕрсы: „Иннӕ хатт мӕм кӕд ӕрбацӕудзынӕ? Бирӕ фарстатӕ мӕм ис“. Уый мын тынг ӕхсызгон вӕййы ӕмӕ цин кӕнын, Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыцы адӕмӕн мӕ бон ӕххуыс кӕнын кӕй у, ууыл» (Мал. 3:10). Дарддӕр ма Сухи загъта: «Ӕцӕгдӕр, ӕппӕты зындӕр мын уыд уынаффӕ рахӕссын, цӕмӕй ардӕм ӕрцыдаин. Фӕлӕ стыр диссаг уыд, ардӕм куы ’рцыдтӕн, уӕд мын Йегъовӕ мӕ алы хъуыддагыл дӕр куыд батыхст, уый».

«ЦӔМӔЙ ТАРСТӔН, УЫЙ СӔРТЫ АХИЗЫН МӔ БОН ССИ»

Симе, 40 азы бӕрц кӕуыл цӕуы ӕмӕ цардӕмбал кӕмӕн ис, ахӕм ӕфсымӕр Филиппинтӕй Астӕуккаг Азимӕ ӕхцаджын куыст агурӕг ацыд. Уым районон цӕстдарӕгимӕ куы аныхас кодта ӕмӕ Разамонӕг советӕй ӕфсымӕры раныхасмӕ куы байхъуыста, уӕд аскъуыддзаг кодта, амӕй фӕстӕмӕ йын Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын фыццаг бынаты кӕй уыдзӕн. «Фӕлӕ мӕ мӕ куыст ныууадзын кӕй хъӕуы, ууыл-иу куы ахъуыды кодтон, уӕд-иу мӕ сур хид акалд»,– загъта Симе. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ куыст ныууагъта ӕмӕ Филиппинтӕм ӕрыздӕхт. Абон Симе ӕмӕ йӕ бинойнаг Хайди лӕггад кӕнынц провинци Хуссар Даваойы, сӕ бӕстӕйы хуссар хайы. Уыцы стыр территорийы хорз хабар хъусынгӕнджытӕ нӕ фаг кӕны. Симе загъта: «Мӕ цардыл куы ахъуыды кӕнын, уӕд Йегъовӕйӕ бузныг вӕййын, цӕмӕй тарстӕн, уый сӕрты мӕ бон ахизын кӕй сси, ома мӕ куыст кӕй ныууагътон ӕмӕ Йегъовӕйы хъуыддаг фыццаг бынаты кӕй сӕвӕрдтон, уый тыххӕй. Хуыздӕрӕй дӕм цы ис, уый Йегъовӕйӕн дӕттай – уымӕй ӕхсызгондӕр царды ницы ис!»

Симе ӕмӕ Хайди

«УЫЙ НЫН ХӔССЫ СТЫР ЦИНДЗИНАД!»

Рамило ӕмӕ Джулиет сты лӕг ӕмӕ ус, алкӕуыл дӕр сӕ цӕуы 30 азӕй гыццыл фылдӕр ӕмӕ лӕггад кӕнынц пионертӕй. Сӕ хӕдзарӕй 30 километры дарддӕр цы ӕмбырд ис, уым ӕххуыс кӕй хъӕуы, уый куы базыдтой, уӕд уырдӕм ахызтысты. Алы къуыри дӕр цалдӕр хатты – хур кӕса ӕви къӕвда уара – Рамило ӕмӕ Джулиет мотоциклыл фӕцӕуынц ӕмбырдтӕм ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнынмӕ. Кӕд дзыхъхъытӕ-къуыппытӕ фӕндӕгтыл ӕмӕ ауыгъд хидтыл цӕуын ӕнцон нӕу, уӕддӕр цин кӕнынц, уымӕн ӕмӕ фылдӕр лӕггад кӕнынц. Рамило загъта: «Мӕ бинойнагимӕ Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдон иумӕ сты 11 адӕймаджы! Хъусынгӕнджытӕ кӕм ис, ахӕм ран лӕггад кӕнын ӕнцон нӕу, фӕлӕ нын уый хӕссы стыр циндзинад» (1 Кор. 15:58).

Джулиет ӕмӕ Рамило

Уӕ бӕстӕйы кӕнӕ фӕсарӕнты хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ран лӕггад кӕныны тыххӕй дӕ фылдӕр базонын фӕнды? Кӕд о, уӕд аныхас кӕн уӕ районон цӕстдарӕгимӕ ӕмӕ бакӕс статья «Дӕ бон у Македонимӕ ацӕуын?» (2011 азы августы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг»).