Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи ивы адӕймаджы цард

Библи ивы адӕймаджы цард

Йе ’рыгонӕй фӕстӕмӕ тамако ӕмӕ хъылма (марихуанӕ) чи дымдта, уыцы нӕлгоймаг йе ’взӕр ахуыр куыд ныууагъта? Фыдгӕнӕг ӕмӕ мӕстыгӕр адӕймагӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй йӕхиуыл хӕцын сахуыр уыдаид ӕмӕ ӕндӕр адӕмыхаттӕй чи уыд, уыдонӕй йе сӕфт мауал уыдтаид? Бакӕсӕм, ацы дыууӕ адӕймаджы цы радзырдтой, уый.

 

ЙӔ НОМ ГЕНРИХ МААР

ЦӔУЫ ЙЫЛ 38 АЗЫ

ЦАРД ХЪАЗАХСТАНЫ

РАЗДӔР ДЫМДТА ТАМАКО ӔМӔ ХЪЫЛМА

Ӕз райгуырдтӕн Хъазахстаны, Ташкентӕй 120 километры дарддӕр. Сӕрдыгон дзы вӕййы 45 градусы бӕрц тӕвд, зымӕг та – 10 градусы уазал. Ахӕм боныхъӕды фӕрцы уым хорз зайы сӕнӕфсир ӕмӕ гӕн.

Нӕ бинонтӕ Германӕй рацӕугӕ сты. Мӕ фыд ӕмӕ мӕ мад уыдысты евангелисттӕ, фӕлӕ сӕ диныл ӕнувыд нӕ уыдысты. Фӕлӕ мын уӕддӕр сахуыр кӕнын кодтой, Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы куывд бацамыдта, уый. 14 азы мыл куы цыд, уӕд мӕ мад ӕмӕ мӕ хистӕр хо Библи ахуыр кӕнын райдыдтой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ. Иухатт фехъуыстон, мӕ мады зӕронд Библийӕ Хуыцауы ном Йегъовӕ кӕй бакастысты. Уый мӕм тынг диссаг фӕкаст. Фӕстӕдӕр мӕ мад Библи ахуыр кӕнын ныууагъта, ӕмӕ мӕнӕн дӕр фылдӕр базоныны фадат нал уыд. Скъолайы нын нӕ ахуыргӕнӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй алыхуызон дам-думтӕ кодта ӕмӕ сӕ хуыдта сектӕ. Иу-цалдӕр хатты мӕ хоимӕ ӕмбырды кӕй уыдтӕн, уымӕ гӕсгӕ ахуыргӕнӕгӕн загътон, кӕйдӕр мӕнг ныхӕстӕ кӕй кӕны.

15 аздзыдӕй Ленинградмӕ ахуыр кӕнынмӕ ацыдтӕн. Цы лӕппутимӕ цардтӕн, уыдонӕн-иу дзырдтон, Йегъовӕйы тыххӕй цы зыдтон, уый. Фӕлӕ фӕстӕдӕр райдыдтон тамако дымын. Хъазахстанмӕ-иу нӕхимӕ куы ’рцыдтӕн, уӕд-иу уым ӕнцон уыд хъылма балхӕнын, кӕд хицауад уымӕн бар нӕ лӕвӕрдта, уӕддӕр. Стӕй бирӕ нуӕзтон водкӕ ӕмӕ сӕн.

Училищӕйы фӕстӕ мӕ дыууӕ азмӕ ӕфсадмӕ акодтой. Фӕлӕ уый размӕ Библийӕ цы базыдтон, уый мӕ нӕ ферох. Фадат-иу мын куы фӕзынд, уӕд иу иннӕтимӕ ныхас кодтон Йегъовӕйы тыххӕй, ӕмӕ-иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты фыдгой куы кодтой, уӕд та-иу сӕ сӕрыл рахӕцыдтӕн.

Ӕфсады фӕстӕ ацыдтӕн Германмӕ. Ӕрцӕуӕггӕгтӕ кӕм цӕрынц, уым мын радтой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмимӕ Библи цы чиныджы руаджы ахуыр кӕнынц, уый. Ӕз ӕй зӕрдиагӕй бакастӕн ӕмӕ бамбӕрстон, алцыдӕр дзы раст кӕй фыссынц. Фӕлӕ мӕ бон нӕ уыд тамако ӕмӕ хъылма ныууадзын. Фӕстӕдӕр ӕрцардтӕн горӕт Карлсруэмӕ ’ввахс. Уым фембӕлдтӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕныл ӕмӕ мемӕ райдыдта Библи ахуыр кӕнын.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Ӕз Библи алы хатт дӕр нымадтон Хуыцауы Ныхасыл. Цы чиныг мын радтой, уый куы бакастӕн, уӕд бамбӕрстон, царды алы ахсджиаг фарстайӕн дӕр Библийы дзуапп кӕй ис. Фӕлӕ мӕ уӕддӕр бирӕ рӕстӕг бахъуыд, цӕмӕй ме ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууагътаин. Фӕстагмӕ мӕ зӕрдӕмӕ айстон, Библийы 2 Коринфӕгтӕм 7:1 стихы цы уынаффӕ ис, уый ӕмӕ сфӕнд кодтон мӕхи ссыгъдӕг кӕнын, «мӕ буар ӕмӕ мын мӕ уд цыдӕриддӕр чъизи кӕны, уыдӕттӕй».

Хъылма ныууадзынӕн мӕ бирӕ рӕстӕг нӕ бахъуыд, фӕлӕ цӕмӕй тамако дымын ныууагътаин, уый тыххӕй мӕ бахъуыд афӕдзы ’рдӕг. Мемӕ Библи чи ахуыр кодта, уый мӕ иухатт бафарста: «Царды дын ӕппӕты ахсджиагдӕр цы у?» Уыцы фарстайы фӕстӕ мӕ бафӕндыд тамако ныууадзын. Уымӕй размӕ дӕр цалдӕр хатты афӕлвӕрдтон, фӕлӕ ацы хатт мӕхицӕн фидарӕй загътон: куы бадымон, уый фӕстӕ Хуыцауӕй хатыр курыны бӕсты йӕм фӕлтау кувдзынӕн тамако райсыны размӕ. 1993 азы равзӕрстон, тамако кӕд нал бадымдзынӕн, уыцы бон. Йегъовӕйы ӕххуысӕй уӕдӕй фӕстӕмӕ тамакомӕ нал бавнӕлдтон.

МӔ ЦАРД ФӔХУЫЗДӔР. Тамако ӕмӕ хъылма дымын кӕй ныууагътон, уый фӕрцы ме ’нӕниздзинад дӕр фӕхуыздӕр ӕмӕ ’хца дӕр дзӕгъӕлы нал хардз кӕнын. Абон лӕггад кӕнын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалы Германы. Тынг амондджын дӕн, Библийы зондджын уынаффӕтӕм гӕсгӕ цӕрын кӕй райдыдтон! Библийы цы фыст ис, уый кӕй базыдтон, уый руаджы бамбӕрстон, адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый.

 

ЙӔ НОМ ТАЙТУС ШАНГАДИ

ЦӔУЫ ЙЫЛ 43 АЗЫ

ЦӔРЫ НАМИБИЙЫ

РАЗДӔР УЫД ФЫДГӔНӔГ ӔМӔ МӔСТЫГӔР АДӔЙМАГ

Ӕз схъомыл дӕн хъӕу Охангвенӕйы, Намибийы. 1980 азты дзы уыди хӕст, ӕмӕ-иу арӕх адӕмы ӕгъатыр над фӕкодтой, кӕйдӕрты та амардтой. Нӕ хъӕуы лӕппу ӕцӕг лӕгыл нымад уыд, хорз хыл кӕнын куы зыдта, ӕрмӕст уӕд. Уымӕ гӕсгӕ ӕз дӕр хыл кӕнын сахуыр дӕн.

Скъола куы фӕдӕн, уӕд цӕрынмӕ ацыдтӕн мӕ мады ’фсымӕрмӕ денджызы былмӕ, горӕт Свакомпундмӕ. Уым уайтагъд балымӕн дӕн, фыдракӕндтӕ чи кодта, ахӕм лӕппутимӕ. Иуӕй-иу хатт-иу ацыдыстӕм, сау адӕмӕн цӕуыны бар кӕдӕм нӕ уыд, ахӕм рӕттӕм – гостиницӕтӕм ӕмӕ кафетӕм, цӕмӕй хыл ракъахтаиккам. Цалдӕр хатты фӕхыл стӕм хъахъхъӕнджытимӕ ӕмӕ пъӕлицӕйы кусджытимӕ. Алы изӕр дӕр мемӕ хастон стыр кард, цӕмӕй дзы фӕцӕф кодтаин, мӕ ныхмӕ чи рацыдаид, уыдоны.

Иу ’хсӕв лӕппутимӕ куы схыл стӕм, уӕд мӕ фӕцӕймардтой. Иу лӕппу мӕм фӕстӕты бахъуызыд ӕмӕ мын мӕ сӕр акъуырынмӕ хъавыд. Фӕлӕ йӕ ме ’мбӕлттӕй иу ахӕм цӕф фӕкодта, ӕмӕ фӕсур. Уыцы хабары фӕстӕ дӕр мӕ цард нӕ фӕивтон. Загъд кӕнын-иу куы райдыдтон, уӕд-иу фыццаг ӕз ныццавтон, фӕнды нӕлгоймаг уыдаид, фӕнды сылгоймаг.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Иухатт мын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй иу сылгоймаг Библийӕ бакаст 37-ӕм псаломӕй цалдӕр стихы ӕмӕ мын загъта, Раргомады чиныджы дӕр фидӕны тыххӕй диссаджы ныхӕстӕ кӕй ис. Фӕлӕ мын нӕ загъта, кӕцы ран фыст сты, уый. Ӕз балхӕдтон Библи ӕмӕ иу ӕхсӕвмӕ ӕнӕхъӕнӕй бакастӕн Раргомады чиныг. Раргомады 21:3 ӕмӕ 4 стихтӕ мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыдысты, зӕгъгӕ, «нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст». Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ мӕм ногӕй куы ’рбацыдысты, уӕд сразы дӕн Библи ахуыр кӕныныл.

Тынг зын мын уыди мӕ зондахаст фӕивын ӕмӕ ме ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын. Фӕлӕ Хъуыддӕгты 10:34, 35 стихтӕй базыдтон: «Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ дзы чи тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, уый цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уа, уӕддӕр ын адджын у». Стӕй зӕрдиагӕй архайдтон, Ромӕгтӕм 12:18 стихы ныхӕстӕм гӕсгӕ цӕрыныл: «Уӕ бон цы у, уый аразут, цӕмӕй алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрат».

Мӕхиуыл хӕцын кӕй ахуыр кодтон, уымӕй уӕлдай ма мӕ хъуыди тамако ныууадзын дӕр. Арӕх-иу Йегъовӕйӕ цӕссыгкалгӕйӕ ӕххуыс куырдтон. Фӕлӕ мын райдианы ницы уад. Загътон-иу, «фӕстаг» тамако дымын, зӕгъгӕ, ӕмӕ-иу уый фӕстӕ скуывтон Хуыцаумӕ. Мемӕ Библи чи ахуыр кодта, уый мын бамбарын кодта, тамако бадымын дӕ куы бафӕнды, уый размӕ скув, зӕгъгӕ. Стӕй хъуамӕ мӕхи хызтаин, тамако чи дымдта, уыцы адӕмӕй. Уымӕй уӕлдай мын бауынаффӕ кодта, цӕмӕй ме ’мкусджытимӕ ныхас кодтаин, тамако ӕнӕниздзинадӕн цы зиан хӕссы, уый тыххӕй. Уый мын тынг баххуыс кодта, уымӕн ӕмӕ мын уый фӕстӕ афтӕ ничиуал загъта, бадым, зӕгъгӕ.

Ӕппынфӕстаг тамако дымын ныууагътон ӕмӕ мӕ цард фӕивтон. Библи ӕхсӕз мӕйы куы ахуыр кодтон, уый фӕстӕ райстон донаргъуыд ӕмӕ сдӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕн.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Куы федтон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ алы адӕмыхаттӕй кӕрӕдзи куыд уарзынц, уӕд бамбӕрстон, ацы адӕм раст диныл хӕст кӕй сты, уый. Донаргъуыд куы нӕма райстон, уый размӕ мӕ иу урсцъар Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сӕхимӕ уазӕгуаты фӕхуыдта. Уый мӕм фын фенӕгау фӕкаст. Раздӕр урсцъар адӕймаджы фарсмӕ ӕнӕхылӕй ӕрбад, уымӕн гӕнӕн нӕ уыд, йӕ хӕдзары йемӕ иу фынгыл ӕрбадыны кой та ничиуал кӕны. Ӕмӕ уӕд бамбӕрстон, ӕцӕг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ’хсӕн кӕй дӕн.

Кӕддӕр мӕ хъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ пъӕлицӕйы кусджытӕ хъавыдысты раст фӕндагыл саразын, фӕлӕ сын дзы ницы рауад. Ӕрмӕстдӕр Библийы фӕрцы фӕивтон мӕ зондахаст ӕмӕ сдӕн амондджын адӕймаг.

[Хицӕнгонд текст 21 фарсыл]

«Арӕх-иу Йегъовӕйӕ цӕссыгкалгӕйӕ ӕххуыс куырдтон»