Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

106 СӔР

Дыууӕ фӕсномыг ныхасы сӕнӕфсирдӕтты тыххӕй

Дыууӕ фӕсномыг ныхасы сӕнӕфсирдӕтты тыххӕй

МАТФЕЙЫ 21:28–46 МАРЧЫ 12:1–12 ЛУКАЙЫ 20:9–19

  • ФӔСНОМЫГ НЫХАС ДЫУУӔ ФЫРТЫ ТЫХХӔЙ

  • ФӔСНОМЫГ НЫХАС СӔНӔФСИРДОНЫ КУСДЖЫТЫ ТЫХХӔЙ

Гыццыл раздӕр сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ адӕмы хистӕр лӕгтӕ Йесойы кувӕндоны фарстой, ахӕм хъуыддӕгтӕ аразыны бар дӕм кӕцӕй ис, зӕгъгӕ. Ӕмӕ сын цы дзуапп радта, уӕд ныхмӕ ницыуал зӕгъын бафӕрӕзтой. Уый фӕстӕ, ӕцӕгӕй цавӕр адӕймӕгтӕ сты, уый равдисынӕн Йесо радзырдта ахӕм фӕсномыг ныхас:

«Иу лӕгӕн уыди дыууӕ фырты. Уыцы лӕг йӕ фырттӕй иумӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: „Хъӕбул, ацу ӕмӕ абон сӕнӕфсирдоны бакус“. Уый йын загъта: „Нӕ ацӕудзынӕн“, фӕлӕ уый фӕстӕ йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхудт, ӕмӕ ацыди. Бацыд иннӕ фыртмӕ дӕр, ӕмӕ уымӕн дӕр афтӕ загъта. Уый та йын загъта: „Цӕуын, мӕ фыд“, фӕлӕ нӕ ацыд. Уӕдӕ дыууӕ фыртӕй йӕ фыды фӕндон чи сӕххӕст кодта?» (Матфейы 21:28–31, «Ног дунейы тӕлмац», 2013, англ.). Дзуапп бӕлвырд у – фыццаг фырт сӕххӕст кодта йӕ фыды фӕндон, кӕд ӕй райдианы нӕ фӕндыд, уӕддӕр.

Уымӕ гӕсгӕ Йесо, йӕ ныхмӕ чи цыд, уыдонӕн загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: Хуыцауы паддзахадмӕ хъалонисджытӕ ӕмӕ хӕтаг сылгоймӕгтӕ уӕ разӕй бацӕудзысты». Хъалонисджытӕ ӕмӕ хӕтаг сылгоймӕгтӕ раздӕр Хуыцауӕн нӕ лӕггад кодтой. Фӕлӕ фӕстӕдӕр уыдон дӕр, фыццаг фыртау, ӕрфӕсмон кодтой ӕмӕ йын лӕггад кӕнын райдыдтой. Дины разамонджытӕ та, дыккаг фыртау, дзургӕ кодтой, мах Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм, зӕгъгӕ, фӕлӕ йын ӕцӕгӕй та нӕ лӕггад кодтой. Уымӕ гӕсгӕ сын Йесо загъта: «[Аргъауӕг] Иоанн ӕрцыд ӕмӕ уын рӕстдзинады фӕндаг амыдта, фӕлӕ йыл сымах нӕ баууӕндыдыстут. Хъалонисджытӕ ӕмӕ хӕтаг сылгоймӕгтӕ та йыл баууӕндыдысты. Ӕмӕ кӕд сымах уый федтат, уӕддӕр уӕ зӕрдӕ уӕхиуыл не ’рхудт ӕмӕ йыл нӕ баууӕндыдыстут» (Матфейы 21:31, 32).

Уый фӕстӕ ма Йесо радзырдта иу фӕсномыг ныхас. Уымӕй та равдыста, дины разамонджытӕн сӕ бӕллӕх ӕрмӕст уый мидӕг кӕй нӕ уыд, ӕмӕ Хуыцауӕн нӕ лӕггад кодтой – уыдон ма уыдысты фыдзӕрдӕ дӕр. Йесо радзырдта: «Иу лӕг скодта сӕнӕфсирдон, йӕ алыварс ын сӕхгӕдта, скъахта дзы сӕндуцӕн дзыхъхъ ӕмӕ дзы сарӕзта мӕсыг дӕр. Уый фӕстӕ сӕнӕфсирдон радта ӕххуырст кусджытӕм, йӕхӕдӕг та ацыди ӕндӕр бӕстӕм. Сӕнӕфсир тоныны афон куы ралӕууыд, уӕд сӕнӕфсирдоны кусджытӕм йӕ цагъары арвыста сӕнӕфсирӕй хай райсынмӕ. Фӕлӕ уыдон цагъары ӕрцахстой, фӕнадтой йӕ ӕмӕ йӕ афтидкъухӕй рарвыстой. Уӕд та сӕм арвыста ӕндӕр цагъары. Уымӕн та йӕ сӕр фӕхостой ӕмӕ дзы фӕхынджылӕг кодтой. Арвыста ма сӕм ноджыдӕр иу цагъары, ӕмӕ уый та маргӕ акодтой. Уый фӕстӕ дӕр ма сӕм бирӕ цагъарты фервыста, ӕмӕ уыдонӕй дӕр кӕй нӕмгӕ фӕкодтой, кӕй маргӕ акодтой» (Марчы 12:1–5).

Цымӕ, Йесомӕ чи хъуыста, уыдон уыцы фӕсномыг ныхас бамбӕрстой? Чи зоны, сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты Исайы ныхӕстӕ: «Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы сӕнӕфсирдон у Израилы хӕдзар, Иудӕйы адӕм сты, кӕй уарзта, уыцы сӕнӕфсирбӕлӕстӕ. Уый ӕнхъӕлмӕ каст, рӕстӕй кӕй тӕрхон кӕндзысты, фӕлӕ федта, закъон кӕй халынц» (Исай 5:7). Йесойы фӕсномыг ныхасы дӕр сӕнӕфсирдоны хицау у Йегъовӕ, сӕнӕфсирдон та – Израилы адӕм. Йегъовӕ сын йӕ Закъон кӕй радта, уый фӕрцы сӕ хъахъхъӕдта – зӕгъӕн ис, ӕмӕ сын сӕ алыварс сӕхгӕдта. Уымӕй уӕлдай сӕм йӕ пехуымпарты ӕрвыста, цӕмӕй сӕ ахуыр кодтаиккой ӕмӕ сын царды хорз дыргъ хӕссынӕн ӕххуыс кодтаиккой.

Фӕлӕ-иу сӕнӕфсирдоны кусджытӕ, хицау-иу сӕм кӕй арвыста, уыцы «цагъартӕн» алы фыдмитӕ фӕкодтой ӕмӕ-иу сӕ амардтой. Йесо бамбарын кодта: «[Сӕнӕфсирдоны хицауӕн] ма баззад ӕрмӕстдӕр йӕ уарзон фырт. Ӕмӕ сӕм ӕппынфӕстаг уый арвыста, мӕ фыртӕй мын уӕддӕр фефсӕрмы уыдзысты, зӕгъгӕ. Фӕлӕ кусджытӕ кӕрӕдзийӕн загътой: „Ай бындар у. Амарӕм ӕй, ӕмӕ сӕнӕфсирдон мах бауыдзӕн!“ Гъемӕ йӕ ӕрцахстой [ӕмӕ йӕ] амардтой» (Марчы 12:6–8).

Уый фӕстӕ сӕ Йесо бафарста: «Куыд уӕм кӕсы, сӕнӕфсирдоны хицау куыд бакӕндзӕн?» (Марчы 12:9). Дины разамонджытӕ йын дзуапп радтой: «Фыдгӕнджытӕ сты, ӕмӕ сӕ фыдмард акӕндзӕн. Сӕнӕфсирдон та ратдзӕн, йӕ сӕнӕфсир ын афоныл чи дӕтта, ахӕм кусджытӕм» (Матфейы 21:41).

Уӕдӕ, сӕхи дӕр нӕ фӕндыд, афтӕмӕй сӕхицӕн стӕрхон кодтой, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр уыдысты Йегъовӕйы сӕнӕфсирдоны «кусджытӕй», ома Израилы адӕмы дины разамонджытӕй. Уыцы кусджытӕм Йегъовӕ цавӕр дыргъмӕ ӕнхъӕлмӕ каст? Зӕгъӕм, цӕмӕй йын йӕ Фыртыл, ома Мессийӕйыл, ӕууӕндыдаиккой. Йесо дины разамонджытӕм комкоммӕ бакаст ӕмӕ сын загъта: «Фыстад афтӕ зӕгъы: „Аразджытӕ цы дур аппӕрстой, уый сси фисыны сӕйраг дур. Уыцы хъуыддаг сарӕзта Йегъовӕ, ӕмӕ нӕм диссаг кӕсы“. Никуы бакастыстут уыцы ныхӕстӕ?» (Марчы 12:10, 11). Ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ хъуыды бӕлвырддӕр бамбарын кодта: «Гъе уымӕн уын зӕгъын: Хуыцауы паддзахад сымахӕй байсдзысты ӕмӕ йӕ ратдзысты, уыцы паддзахады аккаг хъуыддӕгтӕ чи кӕна, уыцы адӕмӕн» (Матфейы 21:43).

Сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ бамбӕрстой, «уыцы фӕсномыг ныхасы сӕ кой кӕй кодта» (Лукайы 20:19). Ӕмӕ сӕ ныр ноджы тынгдӕр фӕндыд Йесойы, сӕнӕфсирдоны хицауӕн йӕ «бындары», амарын. Фӕлӕ йӕ адӕм иууылдӕр пехуымпарыл кӕй нымадтой, уымӕ гӕсгӕ сӕ тарстысты, ӕмӕ йӕм сӕ къух уыцы сахат нӕ систой.