Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

138 СӔР

Чырысти – Хуыцауы рахиз фарс

Чырысти – Хуыцауы рахиз фарс

ХЪУЫДДӔГТӔ 7:56

  • ЙЕСО ӔРБАДТ ХУЫЦАУЫ РАХИЗ ФАРС

  • САВЛ ССИ ЧЫРЫСТИЙЫ ФӔДЫЛДЗӔУӔГ

  • ЦӔУЫЛ ЦИН КӔНӔМ, УЫЙ НЫН ИС

Йесо уӕларвмӕ куы ацыд, уымӕй дӕс боны фӕстӕ, Фӕндзайӕм боны, йӕ ахуыргӕнинӕгтыл сыгъдӕг тых ӕруагъта. Уымӕй хуыздӕр бӕлвырдгӕнӕн ма цы хъуамӕ уыдаид, ныр ӕцӕгдӕр уӕлӕрвты кӕй ис, уымӕн! Фӕлӕ ма сын ӕндӕр бӕлвырдгӕнӕн дӕр лӕвӕрд ӕрцыд. Ахуыргӕнинаг Стефан, Чырыстийы тыххӕй ӕвдисӕн кӕй лӕууыд, уый тыххӕй йӕ дуртӕй куы амардтой, уый хӕдразмӕ загъта: «Уӕлӕ уынын арв гомӕй ӕмӕ Адӕймаджы Фырты Хуыцауы рахиз фарс лӕугӕ» (Хъуыддӕгтӕ 7:56).

Йесо уӕлӕрвты йӕ Фыды фарсмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, Хуыцауы Ныхасы кӕй тыххӕй фыст уыд, уыцы бардзырдмӕ. Хуыцауы разамындӕй Давид ныффыста: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ мӕ Хицауӕн [ома Йесойӕн]: „Бад мӕ рахиз фарс, цалынмӕ дын де знӕгты дӕ къӕхты бын не ’рӕвӕрон, уӕдмӕ“». Ӕнхъӕлмӕ кӕсыны рӕстӕг куы фӕуыдаид, уӕд хъуамӕ Йесо «бацыдаид йе знӕгты ’хсӕнмӕ ӕмӕ сӕ йӕ дӕлбар бакодтаид» (Псалом 110:1, 2). Фӕлӕ цалынмӕ йе знӕгты ныхмӕ нӕ рацыд, уӕдмӕ та цы хъуамӕ куыстаид?

Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны фӕзынд чырыстон ӕмбырд. Ӕмӕ уӕд Йесо уӕлӕрвтӕй хицауиуӕг кӕнын райдыдта йӕ ахуыргӕнинӕгтыл – сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чи ӕрцыд, уыдоныл (Колоссӕгтӕм 1:13). Хъусын кӕныны хъуыддаджы сын разамынд лӕвӕрдта ӕмӕ, фидӕны цы хӕс хъуамӕ ӕххӕст кодтаиккой, уымӕ сӕ цӕттӕ кодта. Цавӕр хӕс уыд уый? Мӕлӕты онг сӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй чи баззадаид, уыдон хъуамӕ райгас уыдаиккой ӕмӕ Йесоимӕ уӕларвон Паддзахады паддзӕхтӕ уыдаиккой.

Фидӕны паддзӕхтӕй иу уыд Савл, фылдӕр ӕй зыдтой йӕ ромаг номӕй, Павел, зӕгъгӕ. Павел уыди дзуттаг, ӕмӕ йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ тынг ӕнувыд уыд Хуыцауы Закъоныл. Фӕлӕ йын дзуттаг дины разамонджытӕ йӕ зонд афтӕ бакуырм кодтой, ӕмӕ, Стефаны дуртӕй кӕй амардтой, уый дӕр растыл нымадта. Стефаны мӕлӕты фӕстӕ дӕр Савл «Хицауы ахуыргӕнинӕгтӕм мӕстӕй фыхти ӕмӕ сӕм ӕртхъирӕн кодта, иу дӕр сӕ нал ныууадздзынӕн, зӕгъгӕ», ӕмӕ сӕ фӕдыл Дамаскмӕ араст. Хистӕр сауджын Кайафӕ йын бар радта, цӕмӕй уым Йесойы ахуыргӕнинӕгты ахстаид ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ кодтаид (Хъуыддӕгтӕ 7:58; 9:1). Фӕлӕ Савл фӕндагыл куы уыди, уӕд ӕвиппайды йӕ алыварс ныррухс, ӕмӕ зӕххыл ӕрхауд.

«Савл, Савл, цӕмӕн зилыс мӕ фӕдыл?» – фехъуыста кӕйдӕр хъӕлӕс, уынгӕ та никӕй кодта. Савл ӕй бафарста: «Чи дӕ, мӕ буц хицау?» Уый йын загъта: «Ӕз дӕн Йесо, ды кӕй фӕдыл зилыс, уый» (Хъуыддӕгтӕ 9:4, 5).

Йесо Савлӕн загъта, зӕгъгӕ, Дамаскмӕ ацу ӕмӕ дын уым зӕгъдзысты, дарддӕр дын цы кӕнгӕ у, уый. Фӕлӕ Савл уыцы диссаджы рухсӕй бакуырм, ӕмӕ горӕтмӕ йе ’мбӕлтты кӕнинаг фӕци. Уыцы рӕстӕг ма Йесо фӕзынд Ананимӕ дӕр. Уый дӕр уыд йӕ ахуыргӕнинаг ӕмӕ цард Дамаскы. Йесо йын бӕлвырд бамбарын кодта, Савлы йӕ бон ссарын кӕм у, уый. Анани уыцы хъуыддагмӕ йӕ ныфс нӕ хаста, фӕлӕ йын Йесо загъта: «Уый у ме ’взӕрст лӕг – уый мын мӕ ном хъусын кӕндзӕн ӕндӕр адӕмтӕн, стӕй паддзӕхтӕн ӕмӕ Израилы фырттӕн дӕр». Савл цӕстӕй ракаст ӕмӕ ӕвӕстиатӕй уым, Дамаскы, райдыдта «Йесойы тыххӕй хъусын кӕнын, зӕгъгӕ, уый у Хуыцауы Фырт» (Хъуыддӕгтӕ 9:15, 20).

Йесойы ӕххуысӕй Павел ӕмӕ иннӕ хъусынгӕнджытӕ дарддӕр кодтой, зӕххыл йӕхӕдӕг цы хъуыддаг райдыдта, уый. Хуыцау сын арфӕ кодта, ӕмӕ сын бирӕ ӕнтыст. Павел, Йесо йӕм куы фӕзынд, уымӕй иу-25 азы фӕстӕ ныффыста, хорз хабар хъуыстгонд кӕй ӕрцыд «арвы бын ӕппӕт адӕмӕн дӕр» (Колоссӕгтӕм 1:23).

Бирӕ азты фӕстӕ Йесо йӕ уарзон апостол Иоаннӕн равдыста цалдӕр цӕстылуайӕны. Фыст сты Библийы, Раргомады чиныджы. Иоанн уыцы цӕстылуайӕнтӕ кӕй федта, уымӕ гӕсгӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ фӕцард, Йесо йӕ Паддзахады кадимӕ куы ’рцыд, уыцы рӕстӕгмӕ (Иоанны 21:22). Иоанн «Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын ӕмӕ февзӕрд Хицау Йесойы боны» (Раргомад 1:10). Уыцы бон кӕд хъуамӕ райдыдтаид?

Библийы пехуымпарӕдтӕ лӕмбынӕг раиртасгӕйӕ бамбарӕн ис, «Хицау Йесойы бон» нӕ рӕстӕджы кӕй райдыдта. 1914 азы райдыдта, фӕстӕдӕр Фыццаг дунеон хӕст кӕй схуыдтой, уый. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕгас зӕххыл дӕр сарӕх сты хӕстытӕ, хӕцгӕ низтӕ, ӕххормагдзинад, зӕххӕнкъуыстытӕ ӕмӕ ӕндӕр бӕллӕхтӕ. Йесойы йӕ апостолтӕ куы бафарстой, «йе ’рцыд» ӕмӕ «ацы цардӕвӕрды кӕрон» цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, уымӕй, уӕд сын ӕппӕт уыцы хабӕртты кой ракодта (Матфейы 24:3, 7, 8, 14). Абон Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъуыстгонд цӕуы ӕгас зӕххыл дӕр – кӕддӕр Ромы дунеон паддзахад кӕм уыд, ӕрмӕст уым нӕ, фӕлӕ.

Иоанн сыгъдӕг тыхы разамындӕй ныффыста, уыцы хабӕрттӕ цӕуыл дзурӕг сты, уый: «Ныр нӕ Хуыцау адӕмӕн ирвӕзындзинад ӕрхаста, йӕ тых раргом, йӕ паддзахад сфидар ӕмӕ йӕ Чырыстийы хицаудзинад райдыдта» (Раргомад 12:10). Хуыцауы Паддзахад – Йесо алы ран дӕр кӕй тыххӕй хъусын кодта, уыцы Паддзахад – уӕлӕрвты ӕвӕрд ӕрцыд!

Чырыстийы иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр уый у диссаджы хорз хабар. Уыдоны стыр ныфс уадзынц Иоанны ныхӕстӕ: «Уӕдӕ цин кӕнут, уӕлӕрвтӕ ӕмӕ уӕлӕрвты цӕрджытӕ! Додой зӕххӕн ӕмӕ денджызӕн, уымӕн ӕмӕ уӕм Хӕйрӕг ныццыд тынг мӕстыйӕ,– зоны йӕ, рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад!» (Раргомад 12:12).

Уӕдӕ Йесойы йӕ Фыды рахиз фарс бадын ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын нал хъӕуы. Ныр Йесо у Паддзах, ӕмӕ тагъд йе знӕгты се ’ппӕты дӕр фесафдзӕн (Дзуттӕгтӕм 10:12, 13). Цымӕ нӕм уый фӕстӕ та цавӕр диссаджы хабӕрттӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?