Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ америкаг сектӕ сты?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ америкаг сектӕ сты?

 Нӕ сӕйраг хайад ис Америкӕйы Иугонд Штатты. Фӕлӕ америкаг сектӕ не стӕм, уымӕн ӕмӕ:

  •   Сектӕйыл фӕнымайынц, цавӕрдӕр динӕй чи рахицӕн, ахӕм адӕмы къорд. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цавӕрдӕр динӕй нӕ рахицӕн сты. Фӕлӕ мах архайӕм, цӕмӕй, фыццаг ӕнусы цы чырыстон дин уыди, уый фӕстӕмӕ сфидар уа.

  •   Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ зӕрдиагӕй архайынц 230 бӕстӕйӕ фылдӕры. Кӕмфӕнды ма цӕрӕм, мах фыццаг бынаты ӕвӕрӕм Йегъовӕ Хуыцауы ӕмӕ Йесо Чырыстийы, Иугонд Штатты кӕнӕ ӕндӕр искӕцы бӕстӕйы хицауад нӕ, фӕлӕ (Иоанны 15:19; 17:15, 16).

  •   Нӕ ахуырӕдтӕ иууылдӕр арӕзт сты Библийыл, Иугонд Штатты цӕрӕг дины разамонджыты чингуытыл нӕ, фӕлӕ (1 Фессалоникӕгтӕм 2:13).

  •   Мах цӕуӕм Йесо Чырыстийы фӕдыл, цавӕрдӕр зӕххон разамонӕджы фӕдыл нӕ, фӕлӕ (Матфейы 23:8–10).