Иоанны 17:1—26

17  Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо уӕларвмӕ скаст+ ӕмӕ загъта: «Мӕ Фыд, рӕстӕг ӕрцыди. Скадджын кӕн дӕ фырты, цӕмӕй дӕ фырт дӕр дӕу скадджын кӕна+.  Ды йӕ алкӕмӕн дӕр хицауӕй сӕвӕрдтай+, цӕмӕй йын кӕй радтай+, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр ратта ӕнусон цард+.  Цӕмӕй адӕймаг ӕнустӕм цӕра+, уый тыххӕй хъуамӕ базона*+ дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы+, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы+.  Ӕз дӕ скадджын кодтон+ зӕххыл, цы хъуыддаг мын бахӕс кодтай, уый кӕронмӕ ахӕццӕ кодтон+.  Ӕмӕ мӕ ныр, мӕ Фыд, скадджын кӕн, ратт мын уый бар, цӕмӕй дӕ фарсмӕ уон ӕмӕ, дуне куы нӕма уыд, уӕд мын цы кад уыди, уыцы кад мын уа+.  Дунейӕ мын кӕй радтай, уыдонӕн ӕз дӕ ном раргом кодтон+. Уыдон дӕу уыдысты, ӕмӕ сӕ ды мӕнӕн радтай, ӕмӕ дын дӕ ныхас сӕххӕст кодтой.  Ныр уыдон базыдтой, цыдӕриддӕр мын радтай, уый дӕуӕй кӕй у,  уымӕн ӕмӕ мын цы ныхӕстӕ загътай, уыдон сӕм фӕхӕццӕ кодтон+, ӕмӕ сыл баууӕндыдысты, ӕмӕ базыдтой, ӕз дӕ номӕй кӕй ӕрцыдтӕн+, ӕмӕ сӕ бауырныдта, ды мӕ кӕй рарвыстай, уый+.  Ӕмӕ дӕ уыдоны тыххӕй курын. Дунейы тыххӕй дӕ нӕ курын+, фӕлӕ мын кӕй радтай, уыдоны тыххӕй, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕу сты, 10  ӕмӕ мӕнмӕ цыдӕриддӕр ис, уый дӕу у, дӕумӕ цыдӕриддӕр ис, уый та мӕн у+, ӕмӕ мӕ уыдон скадджын кодтой. 11  Ӕз ацы дунейы нал уыдзынӕн, фӕлӕ уыдон ацы дунейы сты+, ӕз та цӕуын дӕумӕ. Мӕ сыгъдӕг Фыд, хъахъхъӕн сӕ+ дӕ номы тыххӕй, мӕныл кӕй сӕвӕрдтай, уыцы номы тыххӕй, цӕмӕй, ды ӕмӕ ӕз ӕмвӕндӕй куыд архайӕм, афтӕ уыдон дӕр ӕмвӕндӕй архайой+. 12  Семӕ куы уыдтӕн, уӕд сӕ ӕз хъахъхъӕдтон+ дӕ номы тыххӕй, мӕныл кӕй сӕвӕрдтай, уыцы номы тыххӕй. Ӕмӕ сӕ бахъахъхъӕдтон, ӕмӕ сӕ иу дӕр нӕ фесӕфт+, сафинаг чи уыди+, уый йеддӕмӕ, цӕмӕй сӕххӕст уа, Фыстад цы дзуры, уый+. 13  Ныр та цӕуын дӕумӕ, ӕмӕ ма цалынмӕ ацы дунейы дӕн, уӕдмӕ дзурын адӕттӕ, цӕмӕй мӕ цинӕй ӕххӕстӕй хайджын уой+. 14  Ӕз сӕм дӕ ныхас фӕхӕццӕ кодтон, фӕлӕ сӕ дуне йе сӕфт федта+, уымӕн ӕмӕ ӕз куыд нӕ дӕн ацы дунейӕ, афтӕ уыдон дӕр ацы дунейӕ не сты+. 15  Уый дӕ нӕ курын, ӕмӕ сӕ ацы дунейӕ искуыдӕм акӕнай, фӕлӕ сӕ цӕмӕй Фыдбылызӕй* хъахъхъӕнай+. 16  Ӕз куыд нӕ дӕн ацы дунейӕ+, афтӕ уыдон дӕр ацы дунейӕ не сты+. 17  Ссыгъдӕг+ сӕ кӕн рӕстдзинады* фӕрцы. Дӕ ныхас+ у рӕстдзинад+. 18  Ды мӕн куыд рарвыстай ацы дунемӕ, афтӕ сӕ ӕз дӕр арвыстон дунемӕ+. 19  Ӕмӕ ӕз мӕхи уыдоны тыххӕй сыгъдӕг кӕнын, цӕмӕй уыдон дӕр рӕстдзинады фӕрцы ссыгъдӕг уой+. 20  Ӕрмӕст уыдоны тыххӕй дӕ нӕ курын, фӕлӕ мыл сӕ ныхасмӕ гӕсгӕ чи баууӕнда, уыдоны тыххӕй дӕр+, 21  цӕмӕй се ’ппӕт дӕр ӕмвӕндӕй архайой+. Ды, мӕ Фыд, мемӕ иудзинады куыд дӕ ӕмӕ ӕз та демӕ иудзинады куыд дӕн+, афтӕ уыдон дӕр уой немӕ иудзинады+, цӕмӕй ацы дуне баууӕнда, ды мӕ кӕй рарвыстай, ууыл+. 22  Ӕмӕ ды мӕн куыд скадджын кодтай, афтӕ сӕ ӕз дӕр скадджын кодтон, цӕмӕй, ды ӕмӕ ӕз ӕмвӕндӕй куыд архайӕм, афтӕ уыдон дӕр ӕмвӕндӕй архайой+. 23  Ӕз дӕн семӕ иудзинады, ӕмӕ ды та дӕ мемӕ иудзинады, цӕмӕй уыдон алы хъуыддаджы дӕр иудзинады уой+, ӕмӕ цӕмӕй дуне зона, ды мӕ кӕй рарвыстай ӕмӕ, мӕн куыд уарзыс, уыдоны дӕр афтӕ кӕй уарзыс. 24  Мӕ Фыд, уый мӕ фӕнды, ӕмӕ мын кӕй радтай, уыдон дӕр, ӕз кӕм дӕн, уым мемӕ уой+, цӕмӕй уыной, куыд мӕ скадджын кодтай, уый. Кадджын та мӕ уымӕн скодтай, ӕмӕ мӕ бауарзтай, дуне+ куы нӕма уыди+, уӕд*. 25  Мӕ рӕстаг+ Фыд, ацы дуне дӕ нӕ базыдта+, фӕлӕ дӕ ӕз зонын, ӕмӕ йӕ уыдон дӕр зонынц, ды мӕ кӕй рарвыстай, уый+. 26  Ӕмӕ сын ӕз дӕ ном раргом кодтон+ ӕмӕ сын ӕй ноджыдӕр раргом кӕндзынӕн, цӕмӕй, ды мӕн куыд бауарзтай, уыдон дӕр афтӕ уарзой иннӕты, ӕмӕ цӕмӕй ӕз уон семӕ иудзинады»+.

Фиппаинӕгтӕ

Грекъаг мивдисӕг ӕвдисы дӕргъвӕтин архайд.
Ома Сайтанӕй.
Кӕнӕ «ӕцӕгдзинады».
Комк. «мыггаг ӕппӕрст куы нӕма ӕрцыд, уӕд». Уый амоны Адам ӕмӕ Евӕйы сывӕллӕттӕм.