Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕ дарӕсыл хуыд уыди сиренхуыз ӕртӕкъуымонтӕ

Сӕ дарӕсыл хуыд уыди сиренхуыз ӕртӕкъуымонтӕ

 Мод цӕры Францийы ӕмӕ кусы скъолайы. Урокты рӕстӕг Мод феххуыс кӕны инвалид сывӕллӕттӕн. Ӕрӕджы иу урочы ахуыргӕнӕг сывӕллӕттӕн дзырдта холокосты ӕмӕ нацистон концлагерты тыххӕй. Концлагерты-иу ахст адӕмӕн сӕ дарӕсыл бахуыдтой хъуымацы гыццыл гӕбаз. Уыцы гӕбазӕн йӕ хуыз ӕмӕ йӕ формӕмӕ гӕсгӕ базонӕн уыд, адӕймаджы цӕй тыххӕй ӕрцахстой, уый.

 Ахуыргӕнӕг сиренхуыз ӕртӕкъуымоны кой куы скодта, уӕд загъта: «Мӕнмӕ гӕсгӕ, ахӕм нысӕнттӕ гомосексуалистты дарӕсыл уыд». Урочы фӕстӕ Мод ахуыргӕнӕгимӕ аныхас кодта ӕмӕ йын бамбарын кодта, нацисттӕ ахӕм нысан Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты дарӕсыл кӕй хуыдтой a. Стӕй йын загъта, йӕ бон ын кӕй у уыцы темӕйы фӕдыл фылдӕр ӕрмӕг ӕрбахӕссын. Ахуыргӕнӕг сразы ӕмӕ Модӕн загъта, цӕмӕй, уыцы темӕйы тыххӕй цы зоны, уый ахуыргӕнинӕгтӕн радзырдтаид.

 Ӕндӕр урочы ӕндӕр ахуыргӕнӕг дӕр уыцы темӕйыл ныхас кодта ӕмӕ сывӕллӕттӕн равдыста иу таблицӕ. Ӕвдыст ыл уыдысты, ахст адӕмӕн-иу сӕ дарӕсыл кӕй бахуыдтой, уыцы нысӕнттӕ. Сиренхуыз ӕртӕкъуымоны тыххӕй дзы фыст уыди, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты дарӕсыл-иу кӕй уыд. Урочы фӕстӕ Мод уыцы ахуыргӕнӕгӕн дӕр загъта, йӕ бон ын кӕй у уыцы темӕйы фӕдыл фылдӕр ӕрмӕг раттын. Уыцы ахуыргӕнӕг дӕр сразы ӕмӕ уый дӕр Модӕн загъта, цӕмӕй уыдӕттӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр радзырдтаид.

Модӕн йӕ къухты, цы публикацитӕй спайда кодта, уыдон

 Мод бацӕттӕ кодта 15-минутон доклад. Фӕлӕ йын урочы размӕ ахуыргӕнӕг загъта: «Иу сахат дын ис». Фыццаг уал Мод равдыста документалон киноныв, нацисттӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты фӕдыл куыд зылдысты, уый тыххӕй. Кинонывы куы загътой, нацисттӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сывӕллӕттӕй 800 сӕ ныййарджытӕй кӕй фӕхицӕн кодтой, уый тыххӕй, уӕд Мод киноныв баурӕдта ӕмӕ сын радзырдта уыцы сывӕллӕттӕй ӕртӕйы тыххӕй. Кинонывы фӕстӕ Мод бакаст, 1940 азы 19-аздзыд австриаг Ӕвдисӕн Герхард Штайнакер йӕ ныййарджытӕм кӕй ныффыста, уыцы писмо. Герхард ӕй ныффыста, нацисттӕ йӕ куы амардтой, уымӕй цалдӕр сахаты раздӕр b.

 Мод иннӕ къласы ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр уыцы киноныв равдыста ӕмӕ сын уыцы хабӕрттӕ радзырдта. Мод раппӕлинаг у йӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй. Ныр уыцы дыууӕ ахуыргӕнӕджы дӕр, нацистон концлагерты чи уыд, уыдоны тыххӕй куы фӕдзурынц, уӕд ӕнӕмӕнг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты кой дӕр скӕнынц.

a Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг Германийы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты (хуыдтой ма сӕ Бибельфоршер, ома Библииртасджытӕ) концлагертӕм ӕрвыстой, нацисттӕн ӕххуыс кӕнын кӕй нӕ разы кодтой, уый тыххӕй.

b Герхард Штайнакерӕн мӕлӕты тӕрхон рахастой, немыцы ӕфсадмӕ кӕй нӕ ацыд, уый тыххӕй. Йӕ фӕстаг писмойы ныффыста: «Ӕз нырма сывӕллон дӕн. Ӕрмӕстдӕр мын кӕд нӕ Хицау хъарутӕ радта, уӕд кӕронмӕ фидар лӕудзынӕн. Ӕмӕ дзы кургӕ дӕр уый кӕнын». Дыккаг бон райсомӕй Герхарды амардтой. Йӕ цыртыл фыст ис ахӕм ныхӕстӕ: «Йӕ мӕлӕтӕй Хуыцауы скадджын кодта».