Иоанны 6:1—71

6  Уый фӕстӕ Йесо ахызт Галилейӕйы денджызы иннӕ фарсмӕ, хуыдтой ма йӕ Тивериадӕйы денджыз дӕр+.  Фӕлӕ йӕ фӕдыл цыди бирӕ адӕм, уымӕн ӕмӕ уыдтой, цы диссӕгтӕ аразы, рынчынты куыд дзӕбӕх кӕны, уый+.  Ӕмӕ Йесо ссыд хохмӕ+ ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ уым бадти.  Уыцы рӕстӕг Куадзӕнмӕ+, дзуттӕгты бӕрӕгбонмӕ, бирӕ нал хъуыд.  Ӕмӕ Йесо куы акаст ӕмӕ уыйбӕрц адӕмы ӕрбацӕйцӕугӕ куы федта, уӕд Филиппӕн афтӕ зӕгъы: «Ацы адӕмӕн дзул кӕм балхӕнӕм?»+  Фӕлӕ йын афтӕ уый тыххӕй загъта, ӕмӕ йӕ фӕлваргӕ кодта, уымӕн ӕмӕ зыдта, цы саразинаг уыд, уый.  Филипп ын дзуапп радта: «Цӕмӕй дзы алкӕмӕ дӕр фӕйнӕ гыццыл къӕбӕры ӕрхауа, уый тыххӕй сын дыууӕсӕдӕ динарӕй* куы балхӕнӕм дзултӕ, уӕд дӕр сын не сфаг уыдзысты»+.  Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй йын сӕ иу, Симон Петры ӕфсымӕр Андрей, загъта:  «Мӕнӕ ам иу гыццыл лӕппумӕ ис фондз дзулы хъӕбӕрхорӕй+ ӕмӕ дыууӕ гыццыл кӕсаджы. Фӕлӕ уыйбӕрц адӕмӕн уыдон цы фаг сты?»+ 10  Ӕмӕ сын уӕд Йесо загъта: «Адӕмы ӕрбадын кӕнут, фынгыл куыд ӕрбадынц, афтӕ*»+. Уыцы ран та уыди бирӕ кӕрдӕг, ӕмӕ адӕм дӕр кӕрдӕгыл ӕрбадтысты. Уыди дзы фондз мин лӕджы бӕрц+. 11  Уӕд Йесо дзултӕ райста, Хуыцауӕн бузныг загъта, ӕмӕ, кӕрдӕгыл чи бадт, уыдоныл сӕ байуӕрста. Байуӕрста сыл гыццыл кӕсӕгтӕ дӕр, ӕмӕ дзы алкӕмӕ дӕр ӕрхауд, кӕй цас хъуыди, уыйбӕрц+. 12  Адӕм куы бафсӕстысты+, уӕд та йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Цы къӕбӕртӕ дзы баззад, уыдон ӕрӕмбырд кӕнут, цӕмӕй дзы мацы фесӕфа». 13  Уыдон дӕр сӕ ӕрӕмбырд кодтой, ӕмӕ, адӕм кӕй хордтой, уыцы хъӕбӕрхорӕй конд фондз дзулӕй цы къӕбӕртӕ баззад, уыдонӕй байдзаг дыууадӕс чыргъӕды+. 14  Цы диссӕгтӕ сарӕзта, уый адӕм куы федтой, уӕд дзурын райдыдтой: «Ай ӕнӕмӕнг, дунемӕ ӕрцӕуинаг чи уыд, уыцы пехуымпар+ у». 15  Йесо та зыдта, адӕм ӕрбацӕуынмӕ кӕй хъавынц, цӕмӕй йӕ ӕрцахсой ӕмӕ йӕ паддзахӕй сӕвӕрой, ӕмӕ фӕстӕмӕ иунӕгӕй хохмӕ ацыд+. 16  Куы ӕризӕр, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ денджызмӕ ӕрцыдысты+, 17  бӕлӕгъы сбадтысты ӕмӕ денджызыл иннӕ фарсмӕ, Капернауммӕ, ацыдысты. Уӕдмӕ баталынг, Йесо та нӕма зынд. 18  Стӕй, тыхдымгӕ кӕй кодта, уымӕ гӕсгӕ денджыз дӕр фӕйлауын байдыдта+. 19  Фӕлӕ фондз-ӕхсӕз километры бӕрц куы аленк кодтой, уӕд федтой Йесойы – уый денджызыл ӕрбацӕйцыд ӕмӕ сӕ бӕлӕгъмӕ ӕрбахӕстӕг. Ӕмӕ тынг фӕтарстысты+. 20  Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Уый ӕз дӕн. Ма тӕрсут!»+ 21  Ӕмӕ йӕ цингӕнгӕ бӕлӕгъы сбадын кодтой, ӕмӕ иуцасдӕры фӕстӕ сӕ бӕлӕгъ бахӕццӕ, кӕдӕм цыдысты, уыцы былмӕ+. 22  Иннӕ бон, денджызы фаллаг фарс цы адӕм уыди, уыдон федтой, былыл иу гыццыл бӕлӕгъ йеддӕмӕ кӕй нӕ уыд, ӕмӕ базыдтой, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ бӕлӕгъы куы сбадтысты ӕмӕ куы аленк кодтой, уӕд Йесо семӕ кӕй нӕ уыд. 23  Уӕдмӕ Тивериадӕйӕ ӕрбахӕццӕ сты бӕлӕгътӕ ӕмӕ ӕрлӕууыдысты, Йесо Хуыцауӕн бузныг куы загъта, уый фӕстӕ адӕм дзул кӕм хордтой, уырдӕм хӕстӕг. 24  Адӕм уый куы федтой, ӕмӕ Йесо дӕр ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр уым не сты, уӕд сӕ гыццыл бӕлӕгъты абадтысты ӕмӕ Капернауммӕ Йесойы агурӕг ӕрцыдысты+. 25  Гъемӕ йӕ денджызы иннӕ фарс ссардтой ӕмӕ йын афтӕ зӕгъынц: «Ахуыргӕнӕг+, ардӕм кӕд ӕрбацыдтӕ?» 26  Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: сымах мӕ уый тыххӕй нӕ агурут, ӕмӕ диссӕгтӕ федтат, фӕлӕ дзул кӕй бахордтат ӕмӕ кӕй бафсӕстыстут, уый тыххӕй+. 27  Сӕфгӕ+ чи кӕны, уыцы хӕринагыл ма уӕд уӕ фыдӕбон, фӕлӕ, сӕфӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ ӕнусон цард+ чи дӕтты, уыцы хӕринагыл. Уыцы хӕринаг уын ратдзӕн Адӕймаджы Фырт, уымӕн ӕмӕ нӕ Фыд, Хуыцау, ууыл сӕвӕрдта йӕ мыхуыр – равдыста, райгонд дзы кӕй у, уый»+. 28  Ӕмӕ йӕ уӕд бафарстой: «Цавӕр хъуыддӕгтӕ хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕна?» 29  Ӕмӕ сын Йесо загъта: «Хуыцауы зӕрдӕ уӕ рухс кӕндзӕн, кӕй рарвыста+, ууыл куы ӕууӕндат+, уӕд». 30  Уӕд ын уыдон загътой: «Уӕдӕ нын цавӕр диссаг+ равдисдзынӕ, цӕмӕй йӕ фенӕм ӕмӕ дыл баууӕндӕм? Цы сараздзынӕ? 31  Зӕгъӕм, нӕ фыдӕлтӕ ӕдзӕрӕг быдыры хордтой маннӕ+. Фыст дӕр афтӕ у: „Уӕларвӕй сын радта дзул“»+. 32  Ӕмӕ сын уӕд Йесо загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Моисей уын нӕ радта ӕцӕг дзул уӕларвӕй, фӕлӕ уын ныр мӕ Фыд дӕтты ӕцӕг дзул уӕларвӕй+. 33  Хуыцау кӕй дӕтты, уыцы дзул у, уӕларвӕй чи ӕрцыд ӕмӕ дунейӕн цард чи дӕтты, уый». 34  Ӕмӕ йын уӕд загътой: «Хицау, алкӕддӕр нын дӕтт уыцы дзулӕй»+. 35  Йесо та сын загъта: «Ӕз дӕн царддӕттӕг дзул. Мӕнмӕ чи ’рцӕуа, уый никуы сӕххормаг уыдзӕн, ӕмӕ мӕныл чи ӕууӕнды, уый никуы сдойны уыдзӕн+. 36  Фӕлӕ уын ӕз загътон: сымах мӕ уынгӕ дӕр фӕкодтат, фӕлӕ мыл уӕддӕр не ’ууӕндут+. 37  Мӕ Фыд мын кӕйдӕриддӕр дӕтты, уыдон мӕм ӕрцӕудзысты, ӕмӕ мӕм чи ’рцӕуа, уый та ӕз никуы асурдзынӕн+. 38  Уымӕн ӕмӕ ӕз уӕларвӕй+ уый тыххӕй не ’рцыдтӕн, цӕмӕй, мӕхи цы фӕнды, уый кӕнон, фӕлӕ мӕ рарвитӕджы цы фӕнды, уый+. 39  Ӕмӕ мӕ рарвитӕджы та уый фӕнды, цӕмӕй мын кӕй радта, уыдонӕй иуы дӕр ма фесафон, фӕлӕ се ’ппӕты дӕр фӕстаг бон райгас кӕнон+. 40  О, мӕ Фыды уый фӕнды, цӕмӕй, Фырты чидӕриддӕр уыны ӕмӕ йыл ӕууӕнды, уый хайджын уа ӕнусон цардӕй+, ӕмӕ йӕ ӕз фӕстаг бон райгас кӕндзынӕн»+. 41  Йесо афтӕ кӕй загъта, ӕз, уӕларвӕй чи ’рцыд, уыцы дзул дӕн, зӕгъгӕ, уый тыххӕй йыл дзуттӕгтӕ хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой+ 42  ӕмӕ афтӕтӕ дзырдтой+: «Ай мӕнӕ Иосифы+ фырт нӕу, йӕ фыд ӕмӕ йын йӕ мады нӕ зонӕм? Уӕд афтӕ куыд зӕгъы, ӕз уӕларвӕй ӕрцыдтӕн, зӕгъгӕ?» 43  Йесо та сын дзуапп радта: «Мауал хъуыр-хъуыр кӕнут. 44  Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу мӕнмӕ ӕрцӕуын, мӕ рарвитӕг Фыд ӕй куы не ’рбакӕна, уӕд+, ӕмӕ йӕ ӕз фӕстаг бон райгас кӕндзынӕн+. 45  Пехуымпарты чингуыты фыст ис: „Се ’ппӕты дӕр ахуыр кӕндзӕн Йегъовӕ“+. Мӕ Фыдмӕ чидӕриддӕр хъусы ӕмӕ уымӕй ахуыр кӕны, уый мӕм ӕрцӕуы+. 46  Иу адӕймаг дӕр нӕ федта Фыды+, Хуыцауӕй чи у, уый йеддӕмӕ – ӕрмӕстдӕр ӕй уый федта+. 47  Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: мӕныл чи ’ууӕнды, уый хайджын уыдзӕн ӕнусон цардӕй+. 48  Ӕз дӕн царддӕттӕг дзул+. 49  Уӕ фыдӕлтӕ ӕдзӕрӕг быдыры хордтой маннӕ+, фӕлӕ уӕддӕр амардысты. 50  Ацы дзул та у ӕцӕг дзул, уӕларвӕй чи ’рцыд, ахӕм, ӕмӕ дзы чи хӕра, уый нӕ амӕлдзӕн. 51  Ӕз дӕн, уӕларвӕй чи ’рцыд, уыцы удӕгас дзул. Ацы дзулӕй чи хӕра, уый цӕрдзӕн ӕнустӕм. Ӕз адӕмы* царды тыххӕй+ цы дзул ратдзынӕн, уый у мӕ буар+». 52  Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ дзуттӕгтӕ сӕ кӕрӕдзийы фӕрсын райдыдтой: «Ацы адӕймаг нын йӕ буар хӕрынӕн куыд хъуамӕ ратта?» 53  Ӕмӕ сын Йесо дӕр загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Адӕймаджы Фырты буар+ куы нӕ хӕрат ӕмӕ йын йӕ туг+ куы нӕ нуазат, уӕд цард+ нӕ фендзыстут*. 54  Мӕ буар мын чи хӕра ӕмӕ мын мӕ туг чи нуаза, уый хайджын уыдзӕн ӕнусон цардӕй, ӕмӕ йӕ ӕз фӕстаг бон райгас кӕндзынӕн+, 55  уымӕн ӕмӕ мӕ буар у ӕцӕг хӕринаг, мӕ туг та – ӕцӕг нуазинаг. 56  Мӕ буар мын чи хӕры ӕмӕ мын мӕ туг чи нуазы, уый ис мемӕ иудзинады, ӕмӕ ӕз дӕр дӕн йемӕ иудзинады+. 57  Мӕн мӕ удӕгас+ Фыд куыд рарвыста, ӕмӕ ӕз мӕ Фыды фӕрцы куыд цӕрын, афтӕ, мӕ буар чи хӕра, уый дӕр цӕрдзӕн мӕ фӕрцы+. 58  Уый у, уӕларвӕй чи ’рцыд, уыцы дзул. Уӕ фыдӕлтӕ хордтой маннӕ, ӕмӕ уӕддӕр амардысты, фӕлӕ ацы дзул ахӕм нӕу. Ацы дзулӕй чи хӕра, уый цӕрдзӕн ӕнустӕм»+. 59  Йесо ацы ныхӕстӕ загъта, Капернаумы адӕм куы ӕрӕмбырд сты ӕмӕ сӕ куы ахуыр кодта, уӕд. 60  Уый фехъусгӕйӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ загътой: «Ай цӕй ӕнахуыр ныхӕстӕ кӕны! Кӕй бон у уыдӕттӕм хъусын?»+ 61  Йесо та зыдта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йын йӕ ныхӕстыл кӕй хъуыр-хъуыр кӕнынц, уый, ӕмӕ сӕ бафарста: «Уый уӕ къуылымпы кӕны+, мыййаг? 62  Ӕмӕ уӕд Адӕймаджы Фырты, раздӕр кӕм уыд, уырдӕм ссӕугӕ куы фенат, уӕд та цы кӕндзыстут?+ 63  Хуыцауы сыгъдӕг тых у царддӕттӕг+, адӕймаджы бон цы у, уымӕй* та ӕппындӕр ницы пайда ис. Ӕз уын кӕй дзурын, уыцы ныхӕстӕ сты Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй+ ӕмӕ дӕттынц цард+. 64  Фӕлӕ уӕддӕр сымахӕй чидӕртӕ не ’ууӕндынц». Йесо райдианӕй зыдта, чи йыл не ’ууӕнды, уыдоны, стӕй йӕ чи ауӕй кӕндзӕн, уый дӕр+. 65  Ӕмӕ ма сын загъта: «Уый тыххӕй уын дзырдтон, зӕгъгӕ, никӕй бон у мӕнмӕ ӕрцӕуын, мӕ Фыдӕй йын лӕвӕрд куы нӕ уа, уӕд»+. 66  Ӕмӕ уый тыххӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ сӕ раздӕры хъуыддӕгтӕм аздӕхтысты+ ӕмӕ йемӕ нал цыдысты+. 67  Уӕд Йесо йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагӕн загъта: «Кӕд, мыййаг, сымах дӕр фӕнды ацӕуын». 68  Симон Петр+ ын дзуапп радта: «Хицау, кӕмӕ хъуамӕ ацӕуӕм?+ Дӕумӕ куы сты, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы ныхӕстӕ+. 69  Ӕмӕ дыл мах баууӕндыдыстӕм ӕмӕ йӕ базыдтам, ды Хуыцауӕй ӕрвыст* кӕй дӕ»+. 70  Йесо та сын загъта: «Уӕ дыууадӕсы+ дӕр ӕз нӕ равзӕрстон? Фӕлӕ уӕ иу у фыдкойгӕнӕг*»+. 71  Уый дзырдта Иудӕйӕ, Симон Искариоты фыртӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ уый хъавыд ауӕй кӕнынмӕ+, кӕд дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй сӕ иу уыди, уӕддӕр.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕс Мф 20:2, фип.
Уӕды заманты-иу фынджы уӕлхъус бадгӕ нӕ кодтой, фӕлӕ-иу сӕхи сӕ иу фарсыл ӕруагътой.
Комк. «дунейы».
Комк. «уӕ мидӕг цард нӕй».
Комк. «адӕймаджы буарӕй».
Комк. «Хуыцауы Сыгъдӕг».
Кӕнӕ «хӕйрӕг». Ам цы грекъ. дзырд ис, уый амоны, искӕй номыл цъыф чи калы, ахӕм адӕймагмӕ.