Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Йезекилы 37 сӕры ис, дыууӕ лӕдзӕджы кӕй баиу сты, уый кой. Уый куыд ӕмбаргӕ у?

Йегъовӕ пехуымпар Йезекилы уылты загъта, израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ кӕй ӕрыздӕхдзысты ӕмӕ та кӕй баиу уыдзысты. Ацы пехуымпарад ма амоны, фӕстаг бонты Хуыцауӕн чи лӕггад кӕндзӕн, уыдон иу адӕм кӕй суыдзысты, уымӕ дӕр.

Йегъовӕ Йезекилӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй дыууӕ лӕдзӕджы райстаид ӕмӕ дзы иуыл ныффыстаид: «Иудӕйӕн ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн, Израилы фырттӕн», иннӕйыл та: «Иосифӕн – Ефремы лӕдзӕгӕн – ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн, ӕгас Израилы адӕмӕн». Уыцы дыууӕ лӕдзӕджы Йезекилы къухы хъуамӕ бауыдаиккой «иу лӕдзӕг» (Йез. 37:15–17).

«Ефрем» цӕмӕ амоны? Цӕгат дӕсмыггаг паддзахады фыццаг паддзах Йеровоам уыди Ефремы мыггагӕй, Израилы ӕппӕты стырдӕр мыггагӕй (Дык. з. 33:13, 17; 1 Пад. 11:26). Ацы мыггаг рацыд Иосифы фырт Ефремӕй (Ным. 1:32, 33). Уымӕ гӕсгӕ «Ефремы лӕдзӕг» амыдта цӕгат дӕсмыггаг паддзахадмӕ. Йезекил йӕ пехуымпарад куы ныффыста, уымӕй бирӕ раздӕр, н. э. размӕ 740 азы, ассириӕгтӕ сӕ дӕлбар бакодтой цӕгат паддзахад Израил ӕмӕ йын йӕ адӕмӕй бирӕты уацары акодтой (2 Пад. 17:6). Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ вавилойнӕгтӕ ассириӕгты басастой. Уӕдӕ Йезекил дыууӕ лӕдзӕджы тыххӕй пехуымпарад куы ныффыста, уӕдмӕ уыцы израилӕгтӕн сӕ фылдӕр цардысты Вавилоны паддзахады алы рӕтты.

Н. э. размӕ 607 азы вавилойнӕгтӕ бацахстой, дыууӕ мыггаджы кӕм цард, уыцы хуссар паддзахад Иудӕ ӕмӕ йын йӕ адӕмы, стӕй ма, ӕвӕццӕгӕн, цӕгат паддзахадӕй чи баззад, уыдоны дӕр, Вавилонмӕ уацары акодтой. Хуссар паддзахады паддзӕхтӕ уыдысты Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй. Стӕй сауджынтӕ дӕр цардысты Иудӕйы, уымӕн ӕмӕ лӕггад кодтой Иерусалимы кувӕндоны (2 Аз. 11:13, 14; 34:30). Уӕдӕ, «Иудӕйӕн», зӕгъгӕ, цы лӕдзӕгыл уыди фыст, уый амыдта, дыууӕ мыггаджы кӕм цард, уыцы хуссар паддзахадмӕ.

Ацы дыууӕ «лӕдзӕджы» кӕд баиу сты? Уый ӕрцыд н. э. размӕ 537 азы, израилӕгтӕ Иерусалиммӕ кувӕндон ногӕй саразынмӕ куы ӕрыздӕхтысты, уӕд. Хуссар паддзахады адӕм дӕр ӕмӕ цӕгат паддзахады адӕм дӕр уацарӕй ӕрыздӕхтысты. Израилы адӕм дихтӕ нал уыдысты (Йез. 37:21, 22). Ногӕй та иумӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кодтой. Израилӕгтӕ афтӕ кӕй баиу уыдзысты, уый тыххӕй ма фыст уыд Исайы ӕмӕ Йеремийы пехуымпарӕдты дӕр (Ис. 11:12, 13; Йер. 31:1, 6, 31).

Йезекилы пехуымпарадӕй нӕ бон цы у раст дины тыххӕй базонын? Йегъовӕ афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдон «бауыдзысты иу» (Йез. 37:18, 19). Цымӕ ацы зӕрдӕвӕрд нӕ рӕстӕджы дӕр сӕххӕст? О. Ацы пехуымпарад ӕххӕст кӕнын райдыдта 1919 азы. Кӕд Хӕйрӕг архайдта Хуыцауы адӕмы ныддихтӕ кӕныныл, уӕддӕр уыцы азӕй Хуыцау йӕ адӕмӕн сабыргай уаг ӕмӕ ӕгъдау ӕвӕрын райдыдта ӕмӕ сӕ баиу кодта.

Уыцы рӕстӕг Хуыцауы адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн уыди ныфс, уӕлӕрвты Йесоимӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ кӕй уыдзысты (Рарг. 20:6). Ахӕсгӕ хуызы уыдонмӕ амыдта, Иудӕйӕн чи уыд, уыцы лӕдзӕг. Фӕлӕ рӕстӕг куыд цыди, афтӕ фылдӕр кӕнын райдыдтой, зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕмӕн уыд, уыдон (Зах. 8:23). Уыцы адӕммӕ та амыдта, Иосифӕн чи уыд, уыцы лӕдзӕг.

Абон уыцы дыууӕ къорды Йегъовӕйӕн иумӕ лӕггад кӕнынц ӕмӕ сын ис иу паддзах – Йесо Чырысти. Йезекилы пехуымпарады ма Йесо хуыйны «мӕ лӕггадгӕнӕг Давид» дӕр (Йез. 37:24, 25). Йесо йӕ Фыдмӕ йӕ фӕдылдзӕуджыты тыххӕй куывта, «цӕмӕй се ’ппӕт дӕр ӕмвӕндӕй архайой», уый дӕр йӕ Фыдимӕ ӕмвӕндӕй куыд архайы, афтӕ * (Иоан. 17:20, 21). Йесо ма загъта, сӕрст чырыстӕтты гыццыл дзуг ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕ» кӕй «суыдзысты иу дзуг» ӕмӕ сын кӕй уыдзӕн «иу фыййау» (Иоан. 10:16). Куыд хорз ӕвдисынц Йесойы ныхӕстӕ, абон Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн цы иудзинад ис, уый – уӕлдай нӕу, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс сын ис ӕви зӕххыл!

^ 6 абз. Йесо фӕстаг бонты тыххӕй куы дзырдта, уӕд радзырдта цалдӕр фӕсномыг ныхасы. Фыццаг уал радзырдта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» тыххӕй. Уый у, Хуыцауы адӕмӕн разамынд чи дӕтты, уыцы сӕрст чырыстӕтты гыццыл къорд (Матф. 24:45–47). Уый фӕстӕ радзырдта, сӕрст чырыстӕттӕм се ’ппӕтмӕ дӕр чи хаудта, уыцы фӕсномыг ныхӕстӕ (Матф. 25:1–30). Фӕстагмӕ та радзырдта, Чырыстийы ӕфсымӕртӕн чи ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн уыдзӕн, уыдоны тыххӕй (Матф. 25:31–46). Афтӕ Йезекилы пехуымпарад дӕр нӕ рӕстӕджы ӕххӕст кӕнын куы райдыдта, уӕд фыццаджыдӕр амыдта, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонмӕ. Ӕнӕуи, дӕсмыггаг паддзахад, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонмӕ нӕ фӕамоны. Фӕлӕ ацы пехуымпарады, дыууӕ лӕдзӕджы кӕй баиу уыдзысты, уый кой кӕй ис, уый нын не ’ргом здахы, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис ӕмӕ уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдоны ’хсӕн цы иудзинад ис, уымӕ.