Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ма бафынӕй ут»!

«Ма бафынӕй ут»!

«Уӕ Хицау цы бон ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут» (МАТФ. 24:42).

ЗАРДЖЫТӔ: 136, 129

1. Цӕвиттоны фӕрцы бамбарын кӕн, рӕстӕгмӕ ӕмӕ, нӕ алыварс цы цӕуы, уымӕ нӕ хъус цӕмӕн хъуамӕ дарӕм. (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

КОНГРЕСС мӕнӕ-мӕнӕ райдайдзӕн. Сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕр сценӕмӕ рахызт ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр ӕгасцуай загъта. Адӕм зонынц, сӕ бынӕтты сбадын сӕ кӕй хъӕуы. Ныртӕккӕ райхъуысдзӕн музыкӕ, ӕмӕ оркестры рӕсугъд цагъдмӕ хъусгӕйӕ сӕ бон уыдзӕн сӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ сӕ зонд программӕмӕ бацӕттӕ кӕнын. Фӕлӕ ӕфсымӕр сценӕйыл кӕй ис ӕмӕ музыкӕ кӕй цӕгъды, уымӕ чидӕртӕ сӕ хъус нӕ дарынц. Чи дыууӕрдӕм кӕны, чи та йе ’мбӕлттимӕ ныхас кӕны. Куыд зыны, афтӕмӕй рӕстӕгмӕ нӕ кӕсынц ӕмӕ, сӕ алыварс цы цӕуы, уый нӕ уынынц. Ацы цӕвиттонӕй зондӕн цы ис райсӕн? Бонӕй-бонмӕ хӕстӕгдӕр кӕны бирӕ ахсджиагдӕр хабар, ӕмӕ хъуамӕ уӕм къӕрцхъус, цӕмӕй нӕ ӕдзӕттӕйӕ ма ӕрӕййафа. Цымӕ уый цавӕр хабар у?

2. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цӕмӕн дзырдта, «ма бафынӕй ут», зӕгъгӕ?

2 Йесо Чырысти «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕроны» кой куы кодта, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгты бафӕдзӕхста: «Кӕсут, ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ, уыцы рӕстӕг кӕд ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут». Ӕмӕ ма сын уый фӕстӕ ноджыдӕр цалдӕр хатты загъта: «Ма бафынӕй ут» (Матф. 24:3; бакӕс Марчы 13:32–37). Матфейы чиныгӕй дӕр базонӕн ис, Йесо уыцы хабӕртты тыххӕй куы дзырдта, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгты кӕй бафӕдзӕхста: «Уӕдӕ ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ, уӕ Хицау цы бон ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут. [...] Уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ, цы сахат ӕнхъӕл нӕ уат, уыцы сахат ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт». Ӕмӕ та ногӕй загъта: «Уӕдӕ ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ нӕдӕр уыцы бон зонут, нӕдӕр уыцы сахат» (Матф. 24:42–44; 25:13).

3. Чырыстийы фӕдзӕхстмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй цӕуылнӕ хъуамӕ кӕсӕм?

3 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмбарынц, Чырыстийы фӕдзӕхстмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн кӕй нӕй. Мах зонӕм, «кӕроны рӕстӕг» тагъд кӕй фӕуыдзӕн. Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ ма «стыр бӕллӕхмӕ» бирӕ рӕстӕг хъӕуа (Дан. 12:4; Матф. 24:21). Зӕххыл цӕуы ӕвирхъау хӕстытӕ, стӕй куы иу ран, куы иннӕ ран ӕрцӕуы зӕххӕнкъуыстытӕ. Сарӕх сты фыднизтӕ, фыдракӕндтӕ, бирӕ рӕтты адӕм ӕххормаг ӕййафынц. Дины разамонджытӕ адӕмы сайынц, ӕгъдау нал ис. Зонӕм уый дӕр, ӕмӕ Йегъовӕйы адӕм йӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынц ӕгас зӕххыл дӕр (Матф. 24:7, 11, 12, 14; Лук. 21:11). Ӕмӕ тынг зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Чырысти куы ’рцӕуа ӕмӕ Хуыцауы фӕндон куы сӕххӕст кӕна, уымӕ (Мар. 13:26, 27).

УЫЦЫ БОН КӔНЫ ХӔСТӔГӔЙ-ХӔСТӔГДӔР!

4. а) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ ныртӕккӕ Чырысти зоны, Армагеддон кӕд уыдзӕн, уый? б) Стыр бӕллӕх кӕд райдайдзӕн, уый кӕд нӕ зонӕм, уӕддӕр нӕ бон цы у фидарӕй зӕгъын?

4 Конгресмӕ куы фӕцӕуӕм, уӕд бӕлвырдӕй фӕзонӕм, программӕ цафон райдайдзӕн, уый. Фӕлӕ стыр бӕллӕх кӕцы аз райдайдзӕн, уӕлдайдӕр та кӕцы бон ӕмӕ кӕцы сахат, уый банымайын нӕ бон нӕу, тынг нӕ куы фӕнда, уӕддӕр. Чырысти зӕххыл куы уыд, уӕд загъта: «Уыцы бон ӕмӕ уыцы сахат ничи зоны: нӕдӕр уӕларвон зӕдтӕ, нӕдӕр Фырт – уый зоны ӕрмӕстдӕр мӕ Фыд» (Матф. 24:36). Фӕлӕ йын уый фӕстӕ уӕлӕрвты лӕвӕрд ӕрцыд бар, цӕмӕй Хӕйрӕджы дуне фесафа (Рарг. 19:11–16). Уӕдӕ Армагеддоны хӕст кӕд уыдзӕн, уый ныртӕккӕ хъуамӕ зона. Фӕлӕ йӕ мах нӕ зонӕм. Уымӕ гӕсгӕ, цалынмӕ стыр бӕллӕх нӕ райдайа, уӕдмӕ хъуамӕ уӕм къӕрцхъус ӕмӕ ма бафынӕй уӕм. Кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, уый Йегъовӕ раджы аскъуыддзаг кодта. Уыцы бон кӕны хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр ӕмӕ «нӕ байрӕджы кӕндзӕн»! (Бакӕс Аввакумы 2:1–3.) Уый фидарӕй цӕмӕн ис зӕгъӕн?

5. Ӕрхӕсс цӕвиттон, Йегъовӕйы пехуымпарӕдтӕ алкӕддӕр сӕ афоныл кӕй сӕххӕст вӕййынц, уымӕн.

5 Йегъовӕйы пехуымпарӕдтӕй алкӕцы дӕр растдӕр йӕ афоныл сӕххӕст вӕййы! Ахъуыды-ма кӕнӕм, Хуыцау израилӕгты Египетӕй кӕд ссӕрибар кодта, ууыл. Уый уыди н. э. размӕ 1513 азы 14 нисаны. Уыцы боны тыххӕй Моисей фӕстӕдӕр ныффыста: «Цыппарсӕдӕ ӕртын азы куы фесты, уӕд, тӕккӕ уыцы бон, Йегъовӕйы адӕм иууылдӕр рацыдысты Египеты зӕххӕй» (Рац. 12:40–42). Уыцы «цыппарсӕдӕ ӕртын азы» райдыдтой н. э. размӕ 1943 азы – Йегъовӕ Авраамимӕ цы бадзырд скодта, уый йӕ тыхы куы бацыд, уӕд (Гал. 3:17, 18). Фӕстӕдӕр Йегъовӕ Авраамӕн загъта: «Зон ӕй: дӕ байзӕддӕгтӕ уыдзысты ӕрцӕуӕггӕгтӕ ӕцӕгӕлон бӕстӕйы, ӕмӕ уыцы адӕмӕн уыдзысты цагъартӕ ӕмӕ сӕ ӕфхӕрдзысты цыппарсӕдӕ азы дӕргъы» (Райд. 15:13; Хъуыд. 7:6). Уыцы «цыппарсӕдӕ азы» райдыдтой н. э. размӕ 1913 азы, Измаил Исахъӕй хынджылӕг кӕнын куы райдыдта, уӕд, ӕмӕ фесты н. э. размӕ 1513 азы, израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уӕд (Райд. 21:8–10; Гал. 4:22–29). Куыд уынӕм, афтӕмӕй Йегъовӕ цыппар ӕнусы раздӕр снысан кодта, йӕ адӕмы кӕд ссӕрибар кӕндзӕн, уыцы бон.

6. Йегъовӕ йӕ адӕмы кӕй фервӕзын кӕндзӕн, ууыл нӕ бон фидарӕй ӕууӕндын цӕмӕн у?

6 Йесо Навин дӕр уыд, Йегъовӕ Египетӕй кӕй ракодта, уыцы израилӕгтӕй. Ӕмӕ уыцы хабарӕй бирӕ азты фӕстӕ Израилы адӕмӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта: «Сымах тынг хорз зонут, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын цы хорз ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иу дӕр кӕй нӕ фӕмӕнг – иууылдӕр сӕххӕст сты. Иу дӕр дзы нӕ фӕмӕнг» (Йес. Н. 23:2, 14). Йегъовӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта, стыр бӕллӕхы рӕстӕг йӕ адӕмы кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл. Фӕлӕ нӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй уыцы рӕстӕг фервӕзӕм ӕмӕ ног дунейы цӕрӕм, уӕд хъуамӕ уӕм къӕрцхъус ӕмӕ ма бафынӕй уӕм.

МА БАФЫНӔЙ У – ДӔ ЦАРД УУЫЛ БАСТ У

7, 8. а) Рагзаманты хъахъхъӕнӕгӕн йӕ хӕс цы уыд ӕмӕ уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? б) Хъахъхъӕнджытӕ куы бафынӕй вӕййынц, уӕд уый цӕмӕ ӕркӕны? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

7 Рагзаманты хъахъхъӕнджытӕ горӕттӕ куыд хъахъхъӕдтой, уымӕй ис базонӕн, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй ма бафынӕй уӕм. Стыр горӕтты алыварс-иу, зӕгъӕм, Иерусалимы алыварс, уыди бӕрзонд къултӕ амад. Уый фӕрцы знӕгтӕн сӕ бон нӕ уыди горӕтмӕ бабырсын, стӕй ма къулты сӕрӕй хорз зынди, горӕты алыварс цы цыди, уый дӕр. Къулты сӕр ӕмӕ-иу кулдуӕртты раз лӕууыд хъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ-иу ӕхсӕвӕй-бонӕй горӕт хъахъхъӕдтой. Зӕгъгӕ, знӕгтӕ ӕрбацӕуынц, уӕд хъахъхъӕнджытӕ хъуамӕ горӕты цӕрджыты бафӕдзӕхстаиккой (Ис. 62:6). Сӕ куыст тынг ахсджиаг уыди, уымӕн ӕмӕ лӕмбынӕг куы нӕ кастаиккой кӕнӕ куы бафынӕй уыдаиккой, уӕд дуне адӕм бабын уыдаид (Йез. 33:6).

8 Дзуттаг историк Иосиф Флавий куыд фыссы, афтӕмӕй н. э. 70 азы ромаг ӕфсӕддонтӕ бацахстой, Иерусалимы къулы фарсмӕ чи уыд, уыцы мӕсыг, Антонийы мӕсыг, зӕгъгӕ. Цымӕ уый сӕ къухы цӕй фӕрцы бафтыд? Йӕ кулдуӕртты раз чи лӕууыд, уыцы хъахъхъӕнджытӕ кӕй бафынӕй сты, уый фӕрцы! Уырдыгӕй ромӕгтӕ бабырстой кувӕндонмӕ, арт ыл бандзӕрстой, ӕмӕ стӕй горӕт дӕр ныппырх кодтой. Дзуттаг адӕмыл уӕд цы бӕллӕх ӕрцыд, уымӕй стырдӕр бӕллӕх сыл никуы ’рцыд.

9. Абон адӕмӕн сӕ фылдӕр цы нӕ зонынц?

9 Абон зӕххыл цы бӕстӕтӕ ис, уыдонӕн дӕр сӕ фылдӕр сӕ арӕнтӕ фӕхъахъхъӕнынц, зӕгъӕм, ӕфсӕддонты фӕрцы ӕмӕ алыхуызон хъахъхъӕнӕн системӕты фӕрцы. Афтӕмӕй хицауад йӕ хъус фӕдары, цӕмӕй бӕстӕйӕн знаггад мачи ӕмӕ мацы ракӕна. Фӕлӕ уыцы «хъахъхъӕнджыты» фӕрцы сӕ бон у бафиппайын, зӕххон хицауӕдтӕй сын цӕмӕй у тӕссаг, ӕрмӕстдӕр уыдӕттӕ. Уыдон нӕ зонынц, уӕлӕрвты бирӕ хъомысджындӕр хицауад кӕй ис. Тагъд уыцы уӕларвон хицауад, йӕ сӕргъы Йесо Чырысти, афтӕмӕй, схӕцдзӕн зӕххон хицауӕдтимӕ се ’ппӕтимӕ дӕр (Ис. 9:6, 7; 56:10; Дан. 2:44). Мах уыцы бонмӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм цӕттӕ уӕм. Ӕмӕ уый тыххӕй та нӕ хъус дарӕм Библийы фыст пехуымпарӕдтӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм (Пс. 130:6).

ДӔХИ ХИЗ, КЪӔРЦХЪУС ЦӔЙ ТЫХХӔЙ НАЛ УЫДЗЫНӔ, УЫДӔТТӔЙ

10, 11. а) Нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм ӕмӕ цӕмӕн? б) Цӕмӕн дӕ уырны, Хӕйрӕг адӕмы кӕй сайы ӕмӕ уый тыххӕй Библийы фыст пехуымпарӕдтыл кӕй не ’ууӕндынц?

10 Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, ӕнӕхъӕн ӕхсӕв чи нӕ фынӕй кӕны, ахӕм хъахъхъӕнӕджы. Ӕппӕты зындӕр ын у фӕстаг цалдӕр сахаты, уымӕн ӕмӕ бафӕллад. Раст афтӕ, ацы дунейы кӕрон цас ӕввахсдӕр кӕны, уыйас махӕн дӕр зындӕр у, цӕмӕй ма бафынӕй уӕм. Фӕлӕ куы бафынӕй уӕм, уӕд бабын уыдзыстӕм! Уӕдӕ ӕркӕсӕм, нӕхи цавӕр ӕртӕ хъуыддагӕй хъуамӕ хизӕм, цӕмӕй ма бафынӕй уӕм.

11 Хӕйрӕг адӕмы сайы. Уый у «ацы дунейы хицау». Йесойӕн йӕ мӕлӕтмӕ бирӕ куы нал хъуыд, уӕд уыцы хъуыддаг йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕртӕ хатты сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта (Иоан. 12:31; 14:30; 16:11). Чырысти зыдта, Хӕйрӕг адӕмы талынджы кӕй дардзӕн, цӕмӕй, Библийы фидӕны тыххӕй цы фыст ис, уый мацӕмӕ дарой ӕмӕ, ацы дунейы кӕрон ӕввахс кӕй у, ууыл ма ӕууӕндой (Соф. 1:14). Мӕнг динты руаджы Хӕйрӕг адӕмӕн «сӕ сӕрызонд... бакуырм кӕны» (2 Кор. 4:3–6). Ӕмӕ адӕмимӕ куы фӕныхас кӕныс, уӕд уый, ӕвӕццӕгӕн, дӕхӕдӕг дӕр бафиппайыс. Ацы дунейы кӕрон кӕй ӕрхӕстӕг ӕмӕ Чырысти ныр Хуыцауы Паддзахады Паддзах кӕй у, адӕмӕн уый тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд сӕ бирӕты хъусын дӕр нӕ фӕфӕнды. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, дӕуӕн дӕр иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ загътой, «мӕн уыдӕттӕ нӕ хъӕуынц», зӕгъгӕ.

12. Хӕйрӕджы нӕхи сайын цӕуылнӕ хъуамӕ бауадзӕм?

12 Адӕмӕй бирӕтӕ Библийы фыст пехуымпарӕдтыл кӕй не ’ууӕндынц, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ ныфс ма асӕтта. Мах ӕй хорз зонӕм, цӕмӕн у ахсджиаг, цӕмӕй ма бафынӕй уӕм. Павел йе ’фсымӕртӕм ныффыста: «Уӕхӕдӕг ӕй хорз зонут, мӕнӕ давӕг ӕхсӕвыгон куыд фӕзыны, раст афтӕ кӕй ӕрцӕудзӕн Йегъовӕйы бон дӕр». (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 5:1–6.) Йесо дӕр фӕдзӕхста: «Уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ, цы сахат ӕнхъӕл нӕ уат, уыцы сахат ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт» (Лук. 12:39, 40). Тагъд Хӕйрӕг адӕмы ахӕм хъуыдыйыл баууӕндын кӕндзӕн, дунейы кӕй ис «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад». Фӕлӕ уӕд ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕудзӕн Йегъовӕйы бон, ӕмӕ адӕм арвыцӕфау фӕуыдзысты. Махӕн та нӕ хабар куыд уыдзӕн? Цӕмӕй иннӕ адӕмау ма фӕсайды уӕм ӕмӕ цӕттӕ разынӕм, уый тыххӕй хъуамӕ уӕм «цырддзаст ӕмӕ къӕрцхъус». Ӕмӕ уый тыххӕй та хъуамӕ алы бон дӕр Хуыцауы Ныхас кӕсӕм ӕмӕ нын Йегъовӕ цы дзуры, ууыл хъуыды кӕнӕм.

13. Ацы дунейы зондахаст адӕмыл куыд ӕндавы ӕмӕ нӕ бон куыд у уымӕй нӕхи бахизын?

13 Адӕмыл ӕндавы ацы дунейы зондахаст. Абон бирӕтӕ царды сагъӕстыл систы, ӕмӕ сӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ сӕ Хуыцауы зонын ницӕмӕн хъӕуы (Матф. 5:3). Ацы дуне адӕймагӕн йӕ «тӕригъӕдджын буары монцтӕ» ӕмӕ «цӕстыты монцтӕ» цырен кӕны. Ӕмӕ уый тыххӕй бирӕтӕн сӕ мӕт у, дунейы цы ис, уыдӕттӕй фылдӕр куыд спайда кӕной, ӕрмӕстдӕр ууыл (1 Иоан. 2:16). Стӕй ма азӕй-азмӕ фылдӕр кӕнынц алыхуызон ирхӕфсӕнтӕ, ӕмӕ сӕ адӕм ӕфсис нал зонынц (2 Тим. 3:4). Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй адӕймагӕй ферох вӕййы, ахсджиагдӕр цы у, уый ӕмӕ Хуыцауыл дӕр нал фӕхъуыды кӕны. Павел дӕр чырыстӕттӕн уымӕн загъта, «райхъал ут» ӕмӕ, «тӕригъӕдджын буары фӕндтӕ куыд ӕххӕст кӕнат, ууыл ма хъуыды кӕнут», зӕгъгӕ (Ром. 13:11–14).

14. Лукайы 21:34, 35 стихты цавӕр фӕдзӕхст ис?

14 Мах фӕнды, цӕмӕй нын нӕ царды фӕндагамонӕг уа Хуыцауы сыгъдӕг тых, ацы дунейы зондахаст нӕ, фӕлӕ. Йегъовӕ нын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы бамбарын кодта, разӕй нӕм цы хабӕрттӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый 1 (1 Кор. 2:12). Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ нӕхимӕ лӕмбынӕг кӕсӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ, гӕнӕн ис, суанг хуымӕтӕг хъуыддӕгтӕ дӕр хъыгдарой Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. (Бакӕс Лукайы 21:34, 35.) Мах уырны, фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый, ӕмӕ ныл уый тыххӕй адӕм, чи зоны, худой (2 Пет. 3:3–7). Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ нӕ къухтӕ ма ӕруадзӕм. Кӕрон тагъд кӕй уыдзӕн, уымӕн нын бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис. Ӕмӕ нӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй нын Хуыцауы сыгъдӕг тых фӕндагамонӕг уа, уӕд хъуамӕ ӕдзухдӕр ӕмбырдтӕм цӕуӕм.

Дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразыс, цӕмӕй «ма бафынӕй уай»? (кӕс 11–16 абзацтӕ)

15. Петр, Иаков ӕмӕ Иоанныл цы ’рцыд ӕмӕ уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ ахӕм хабар махыл дӕр ӕрцӕуа?

15 Ӕнӕххӕст ӕмӕ лӕмӕгъ кӕй стӕм, уый тыххӕй нын, чи зоны, зын уа, цӕмӕй ма бафынӕй уӕм. Чырысти зыдта, ӕнӕххӕст адӕм лӕмӕгъ кӕй сты. Ахъуыды-ма кӕнӕм, йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв цы ’рцыд, ууыл. Кӕд ӕххӕст адӕймаг уыд, уӕддӕр ӕмбӕрста: цӕмӕй кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайа, уый тыххӕй хъуамӕ йӕ уӕларвон Фыдӕй хъарутӕ ракура. Йесо Петр, Иаков ӕмӕ Иоаннӕн загъта, цӕмӕй ма бафынӕй уой, цалынмӕ Хуыцаумӕ кува, уӕдмӕ. Фӕлӕ уыдон нӕ бамбӕрстой, уыцы хъуыддаг куыд ахсджиаг уыд, уый. Ӕмӕ, фӕллад кӕй уыдысты, уый тыххӕй бафынӕй сты. Йесо дӕр куыннӕ уыди фӕллад, фӕлӕ уӕддӕр йӕ Фыдмӕ зӕрдӕбынӕй куывта. Ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ дӕр хъуамӕ афтӕ кодтаиккой (Мар. 14:32–41).

16. Лукайы 21:36 фыст ныхӕстӕм гӕсгӕ нын Йесо цы бафӕдзӕхста, цӕмӕй ма бафынӕй уӕм?

16 Уӕдӕ цы хъӕуы, цӕмӕй «ма бафынӕй уӕм» ӕмӕ Йегъовӕйы бонмӕ цӕттӕ уӕм? Хъуамӕ нӕ зӕрдиагӕй фӕнда, раст цы у, уый аразын. Фӕлӕ ӕрмӕст уый фаг нӕу. Йесойы мӕлӕтмӕ ма цалдӕр боны куы хъуыд, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цӕмӕй Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй куывтаиккой. (Бакӕс Лукайы 21:36.) Уӕдӕ цӕмӕй ма бафынӕй уӕм, уый тыххӕй мах дӕр хъуамӕ ӕдзухдӕр Йегъовӕмӕ кувӕм (1 Пет. 4:7).

МА БАФЫНӔЙ У!

17. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй ӕрцӕуинаг хабӕрттӕм цӕттӕ уӕм?

17 Йесо загъта, зӕгъгӕ, кӕрон ӕрцӕудзӕн, «цы сахат ӕнхъӕл нӕ уат, уыцы сахат» (Матф. 24:44). Уымӕ гӕсгӕ, ныр уый рӕстӕг нӕу, ӕмӕ «ӕркув-ӕркув кӕнӕм». Хӕйрӕджы дуне нын цы рӕсугъд цард ныв кӕны, уымӕ хъуамӕ ма тырнӕм, уымӕн ӕмӕ уый митын мӕсгуытӕ амайынӕй уӕлдай нӕ уыдзӕн. Хуыцау ӕмӕ нын Чырысти Библийы уылты дзурынц, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй ма бафынӕй уӕм. Уӕдӕ хъуамӕ нӕ хъус дарӕм, Библийы фыст пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уымӕ. Хъуамӕ Йегъовӕмӕ дарддӕр дӕр ӕнгомӕй-ӕнгомдӕр кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ Паддзахад нӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрӕм. Ӕмӕ хъуамӕ алкӕддӕр уӕм къӕрцхъус, цӕмӕй, кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд цӕттӕ разынӕм (Рарг. 22:20). Нӕ цард ууыл баст у!

^ 1 14 абзац: кӕс чиныг «Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!», 21 сӕр.