Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цымӕ сыгъдӕджытӕм кувын хъӕуы?

Цымӕ сыгъдӕджытӕм кувын хъӕуы?

ӔВӔЦЦӔГӔН, ахӕм адӕймаг нӕй, чи никуы фӕтыхст ӕмӕ иннӕты ӕххуыс кӕй никуы бахъуыд. Адӕймаг истӕуыл куы фӕтыхсы, уӕд фӕагуры, чи йӕ бамбардзӕн ӕмӕ ахӕм уавӕры чи уыд, уыцы ӕмбалы ӕххуыс. Чи дӕ бамбара ӕмӕ дын хорз уынаффӕ чи ратта, ахӕм ӕмбалӕн аргъ нӕй.

Ӕххуыс нӕ куы хъӕуа, уӕд кувын кӕмӕ хъӕуы, уый тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Иуӕй-иутӕм афтӕ фӕкӕсы, уый аккаг кӕй не сты, цӕмӕй сын Хуыцау сӕ куывдтытӕм хъуса, ӕмӕ сын уый тыххӕй ӕнцондӕр вӕййы сыгъдӕджытӕм кувын. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ сӕ уыдон хуыздӕр бамбардзысты, уымӕн ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр адӕм уыдысты ӕмӕ-иу уӕззау уавӕрты дӕр бахаудысты, стӕй зындзинӕдтӕ дӕр ӕвзӕрстой. Зӕгъӕм, фӕндагыл чи вӕййы кӕнӕ зын уавӕры чи бахауы, уыдон фӕкувынц Николай Угодникмӕ. Йӕ астӕу кӕмӕн фӕриссы, уый фӕкувы Серафим Саровскиймӕ, ахуыр чи кӕны, уыдон та ӕххуыс фӕкурынц Сергий Радонежскийӕ.

Фӕлӕ цымӕ сыгъдӕджытӕм кувын Библимӕ гӕсгӕ раст у? Адӕймаг куы фӕкувы, уӕд Хуыцауимӕ фӕныхас кӕны, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ фӕнды зонын, нӕ куывдтытӕ нын хъусы ӕви нӕ. Ӕппӕты сӕйрагдӕр та у, адӕм сыгъдӕджытӕм кӕй кувынц, уымӕ Хуыцау цы цӕстӕй кӕсы?

БИБЛИ УЫЙ ТЫХХӔЙ ЦЫ ЗӔГЪЫ?

Сыгъдӕджытӕм кувыны ӕгъдау уымӕн фӕзынд, ӕмӕ католикон аргъуаны ахуырӕдтӕм гӕсгӕ, уыдон Хуыцауы раз адӕмы сӕрыл дзурынц. Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй уыцы ахуырадӕн йӕ сӕйраг хъуыды уый у, ӕмӕ сыгъдӕджытӕн Хуыцауы раз уый бар ис, цӕмӕй йын лӕгъстӕ кӕной, тыхст уавӕры чи ис, уыдоны тыххӕй (New Catholic Encyclopedia). Уымӕ гӕсгӕ Хуыцаумӕ сыгъдӕджыты уылты чи фӕкувы, уыцы адӕймаджы ныфс вӕййы, сӕ фӕрцы Хуыцауы хорзӕх кӕй ссардзӕн, уымӕн ӕмӕ, йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уыдон Хуыцаумӕ хӕстӕгдӕр сты.

Цымӕ Библи дӕр афтӕ зӕгъы? Иуӕй-иутӕ зӕгъынц, сыгъдӕджытӕм кувыны ӕгъдау апостол Павелӕй кӕй рацыд, ӕмӕ уый йӕ фыстӕджытӕй бӕрӕг кӕй у. Зӕгъӕм, Ромы чи цард, уыцы чырыстӕттӕм ныффыста: «Уӕдӕ уӕ, ме ’фсымӕртӕ, нӕ Хицау Йесо Чырыстийыл кӕй ӕууӕндут, уый тыххӕй ӕмӕ, Хуыцауы сыгъдӕг тых кӕй дӕтты, уыцы уарзондзинады тыххӕй курӕг дӕн: сымах дӕр мемӕ Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй кувут мӕн тыххӕй» (Ромӕгтӕм 15:30). Цымӕ Павелы уый фӕндыд зӕгъын, цӕмӕй йе ’мчырыстӕттӕ Хуыцауы раз йӕ сӕрыл дзырдтаиккой? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Павелы ныхӕстӕй бӕрӕг у, уым диссагӕй кӕй ницы ис, цӕмӕй-иу не ’мчырыстӕттӕн зӕгъӕм, ӕмӕ-иу Хуыцаумӕ мах тыххӕй кувой. Фӕлӕ бынтон ӕндӕр хъуыддаг та у, нӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уӕлӕрвты чи ис, уыдонмӕ кувын, цӕмӕй уыдон Хуыцауы раз нӕ сӕрыл дзурой. Цӕмӕн?

Иоанны Евангелийы фыст сты Чырыстийы ныхӕстӕ: «Ӕз дӕн фӕндаг, рӕстдзинад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ мӕн уылты йеддӕмӕ ӕрцӕуӕн никӕуылты ис» (Иоанны 14:6). Стӕй ма дзы фыст ис: «Мӕ Фыдӕй цыдӕриддӕр ракурат мӕ номӕй, уый уын ратдзӕн» (Иоанны 15:16). Чырысти афтӕ нӕ загъта, зӕгъгӕ, мӕнмӕ кувут, ӕмӕ стӕй Хуыцауимӕ мӕхӕдӕг ныхас кӕндзӕн сымах тыххӕй. Уӕдӕ нын цӕмӕй Хуыцау нӕ куывдтытӕ хъуса, уый тыххӕй йӕм хъуамӕ кувӕм ӕрмӕстдӕр Чырыстийы уылты.

Чырыстимӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы бахатыдысты, сахуыр-ма нӕ кӕн кувын, зӕгъгӕ, уӕд сын загъта: «Куы фӕкувут, уӕд-иу дзурут: „Нӕ Фыд, срухс уӕд дӕ ном“» (Лукайы 11:2). Ӕцӕгдӕр, куы фӕкувӕм, уӕд-иу хъуамӕ Чырыстимӕ ма кувӕм, фӕлӕ Хуыцаумӕ. Уӕдӕ Чырысти цы загъта, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ «сыгъдӕджытӕм» ма кувӕм, фӕлӕ Хуыцаумӕ Чырыстийы уылты.

Хуыцаумӕ кувын ӕнӕмӕнг хъуыддаг у, фӕлӕ Библимӕ гӕсгӕ Хуыцауӕй уӕлдай ӕндӕр искӕмӕ кувын раст нӕу (Иоанны 4:23, 24; Раргомад 19:9, 10). Уый тыххӕй хъуамӕ кувӕм ӕрмӕстдӕр Хуыцаумӕ.

КОМКОММӔ ХУЫЦАУМӔ КУВӔН НӔЙ?

Иухатт Йесо адӕмы куы ахуыр кодта, уӕд сын ӕрхаста цӕвиттон, йӕ фыдӕй хӕринаг чи ракуырдта, ахӕм сывӕллоны тыххӕй. Цымӕ йын йӕ фыд дзулы бӕсты дур радтаид? Кӕнӕ кӕсаджы бӕсты маргджын калм? (Матфейы 7:9, 10). Йӕ сывӕллоны тынг чи уарзы, ахӕм фыд афтӕ никуы бакӕндзӕн!

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йемӕ ныхас кӕнӕм, сывӕллон йӕ уарзӕгой фыдимӕ куыд фӕныхас кӕны, афтӕ

Ахъуыды-ма кӕн ӕндӕр цӕвиттоныл ныййарӕджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ. Зӕгъӕм, дӕ сывӕллон дын цыдӕр ахсджиаг хабар зӕгъинаг у. Ды ӕдзух фӕархайыс, цӕмӕй йемӕ ӕнгом уай, стӕй афтӕ никуы уыд, ӕмӕ йӕм тызмӕгӕй сдзырдтай кӕнӕ йӕм нӕ байхъуыстай. Фӕлӕ дӕм цӕмӕдӕр гӕсгӕ нӕ баууӕндыд, ӕмӕ дӕм йӕхи бӕсты кӕйдӕр барвыста. Ӕмӕ бӕрӕг у, амӕй фӕстӕмӕ дӕр афтӕ кӕй кӕндзӕн. Уый дын ӕхсызгон уыдзӕн? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Хорз ныййарджыты фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ семӕ ныхас кӕной ӕмӕ сӕ цы фӕхъӕуы, уый ракурын-иу ма ӕфсӕрмы кӕной.

Чырысти сывӕллоны тыххӕй цӕвиттон куы радзырдта, уӕд загъта: «Кӕд сымах, тӕригъӕдджын уӕвгӕйӕ, уӕ цотӕн хорзы цӕуын зонут, уӕд уӕ уӕларвон Фыд та куыннӕ ракӕндзӕн хорздзинӕдтӕ, чи дзы куры, уыдонӕн!» (Матфейы 7:11). Ныййарӕджы йӕ сывӕллонӕн хорздзинад аразын тынг кӕй фӕфӕнды, ууыл дзырд дӕр нӕй. Нӕ уӕларвон Фыды та ноджы тынгдӕр фӕнды нӕ куывдтытӕм хъусын ӕмӕ нын ӕххуыс кӕнын.

Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй уымӕ кувӕм, нӕ рӕдыдтыты тыххӕй нӕ ныфс куы асӕтта, уӕддӕр. Хуыцау нӕ куывдтытӕм хъусын иннӕты бар нӕ бакодта. Библийы кӕсӕм: «Дӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕр, ӕмӕ дын уый баххуыс кӕндзӕн» (Псалом 55:22). Ӕххуысмӕ сыгъдӕджытӕм кӕнӕ ӕндӕр искӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыны бӕсты хъуамӕ сахуыр уӕм нӕ ныфс Хуыцау Йегъовӕйыл дарын.

Нӕ уӕларвон Фыд нӕ алкӕуыл дӕр тыхсы. Йегъовӕйӕн ӕхсызгон у махӕн ӕххуыс кӕнын, стӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм (Иаковы 4:8). Куыд амондджын стӕм, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцаумӕ» нӕ бон ӕввахс кӕнын кӕй у! (Псалом 65:2).