Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

16-ӕм ӕнус: рӕстдзинад чи агуырдта, уыдон цы бамбӕрстой?

16-ӕм ӕнус: рӕстдзинад чи агуырдта, уыдон цы бамбӕрстой?

«РӔСТДЗИНАД та цы у?» Ацы фарста Иудейӕйы бӕстӕйы хицау Понтий Пилат радта Йесо Чырыстимӕ, стӕрхон кӕнынмӕ йӕм ӕй куы ӕрбакодтой, уӕд (Иоанны 18:38). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Пилат рӕстдзинад нӕ агуырдта. Йӕ фарстайӕ бӕрӕг уыд, рӕстдзинад кӕй ис, уый йӕ уырнгӕ дӕр кӕй нӕ кодта. Ӕвӕццӕгӕн, Пилат рӕстдзинадыл нымадта, адӕймаг йӕхӕдӕг цӕуыл ӕууӕндыд кӕнӕ йӕ цӕуыл баууӕндын кодтой, уый. Афтӕ йӕм каст, ӕмӕ рӕстдзинад цы у, уый базонӕн нӕй. Абон дӕр бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц.

16-ӕм ӕнусы Европӕйы адӕм, бӕлвырдӕй та, аргъуанмӕ чи цыд, уыдон, нал ӕмбӕрстой, цӕуыл ӕууӕндой, уый. Сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ сӕ уырныдта, Ромы папӕмӕ ӕмӕ аргъуаны ахуырӕдтӕм фау ӕрхӕссӕн кӕй нӕй. Фӕлӕ реформатортӕ ног хъуыдытӕ парахат кӕнын райдыдтой, ӕмӕ ӕнӕхъӕн Европӕйыл ахӕлиу сты. Уӕдӕ цӕуыл хъуамӕ ӕууӕндыдаиккой? Куыд хъуамӕ базыдтаиккой, рӕстдзинад цы у, уый?

Уыцы рӕстӕг рӕстдзинад базонын бирӕты фӕндыд. Уыдонӕй ӕртӕйыл дзырд цӕудзӕн ацы статьяйы *. Цымӕ раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый куыд базонынмӕ хъавыдысты? Цы сын бантыст? Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм.

«НЫХАСЫ БАР ФЫЦЦАДЖЫДӔР УӔД БИБЛИЙӔН»

Вольфганг Капитон уыд, Хуыцауыл тынг чи ӕууӕндыд, ахӕм ӕрыгон нӕлгоймаг. Капитон ахуыр кодта медицинӕ, закъӕттӕ ӕмӕ теологи. 1512 азы сси сауджын, стӕй та йӕ йӕхимӕ кусынмӕ райста Майнцы архиепископ.

Райдианы Капитон реформаторты къуылымпы кодта, уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыдытӕ уыдысты Католикон аргъуаны ахуырӕдты ныхмӕ. Фӕлӕ гыццыл фӕстӕдӕр йӕхӕдӕг дӕр реформацийы фарс фӕци. Цӕмӕн? Историк Джеймс Киттельсон фыссы, зӕгъгӕ-иу Капитон католикон ахуырӕдтыл куы сӕмбӕлд, уӕд-иу загъта, зӕгъгӕ, «сӕ раныхӕсты цы фӕдзурынц, уыдӕттӕ раст сты ӕви нӕ, уый Библийӕ хуыздӕр ницӕмӕ гӕсгӕ ис сбӕлвырд кӕнӕн, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый у раст». Капитон ӕрцыд ахӕм хъуыдымӕ, ӕмӕ аргъуаны ахуырӕдтӕ, зӕгъӕм, дзул ӕмӕ сӕн Чырыстийы буар ӕмӕ туг кӕй фестынц, стӕй сыгъдӕджытӕн кад кӕнын кӕй хъӕуы, уыдон Фыстадмӕ гӕсгӕ раст не сты. (Кӕс рамкӕ « Базонут-иу, „цы дзурынц, уый ӕцӕгдӕр афтӕ у ӕви нӕ“».) 1523 азы Капитон йӕ кадджын бынат ныууагъта ӕмӕ ӕрцард горӕт Страсбургы – уыцы рӕстӕг реформаци ӕппӕты тынгдӕр кӕм апарахат, уым.

Капитоны хӕдзары Страсбургы ӕмбырд кодтой, дины ахуырӕдты фӕдыл йӕхи хъуыды кӕмӕн уыд, уыцы адӕм ӕмӕ-иу ныхас кодтой дины фарстатыл ӕмӕ Библийы ахуырӕдтыл. Кӕд ма реформатортӕй иуӕй-иутӕ Троицӕйыл ӕууӕндыдысты, уӕддӕр, иу чиныджы куыд фыст уыди, афтӕмӕй-иу Капитон «Троицӕйы ахуырады кой нӕ кодта» (The Radical Reformation).  Цӕуылнӕ? Капитоныл тынг фӕзынд, Троицӕ раст кӕй нӕу, уый испайнаг теолог Мигель Сервет Библийы стихты фӕрцы куыд бамбарын кодта, уый *.

Троицӕйы ныхмӕ дзурын цардӕн тӕссаг уыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Капитон йӕ хъуыды ӕргом нӕ дзырдта. Фӕлӕ йӕ къухфыстытӕм гӕсгӕ зӕгъӕн ис, Серветимӕ фембӕлыны размӕ дӕр Троицӕйы ахуырадыл йӕхӕдӕг дӕр кӕй дызӕрдыг кодта. Иу католикон сауджын фӕстӕдӕр ныффыста, зӕгъгӕ-иу Капитон ӕмӕ-иу йе ’мбӕлттӕ «сусӕгӕй ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ-иу дины стырдӕр сусӕгдзинӕдтыл ныхас кодтой; [ӕмӕ] ӕппӕты Табуйагдӕр Троицӕйы сусӕгдзинад растыл нӕ банымадтой». Сӕдӕ азы фӕстӕдӕр Капитон нымад ӕрцыд, Троицӕйы ахуырады ныхмӕ чи фыста, уыцы номдзыд фысджытӕй фыццагыл.

Вольфганг Капитоны хъуыдымӕ гӕсгӕ, аргъуаны стырдӕр рӕдыд уый мидӕг уыд, ӕмӕ «Фыстад ницӕмӕ дардтой»

Капитон нӕ дызӕрдыг кодта, рӕстдзинад Библийы кӕй ис. «Теологийы ныхасы бар фыццаджыдӕр уӕд Библийӕн ӕмӕ Чырыстийы закъонӕн»,– дзырдта Капитон. Философ Киттельсон зӕгъы, зӕгъгӕ, Капитон «цӕхгӕр лӕууыд уыцы хъуыдыйыл, теологты-схоластты стырдӕр рӕдыд уый мидӕг кӕй уыд, ӕмӕ Фыстад ницӕмӕ дардтой».

Хуыцауы Ныхасы рӕстдзинад базонын тынг фӕндыд Мартин Целлариусы дӕр (хонынц ма йӕ Мартин Боррхаус дӕр). 1526 азы уыцы ӕрыгон нӕлгоймаг ӕрцард Капитонӕн йӕ хӕдзары.

«ЗОНЫНДЗИНӔДТӔ ӔЦӔГ ХУЫЦАУЫ ТЫХХӔЙ»

Мартин Целлариусы чиныджы «Хуыцауы хъуыддӕгты тыххӕй» фыццаг фарс; аргъуаны ахуырӕдтӕ дзы барста Библиимӕ

Целлариус райгуырд 1499 азы. Уый лӕмбынӕг иртӕста теологи ӕмӕ философи. Стӕй ахуыргӕнӕгӕй кусын райдыдта Виттенбергы, Германийы. Реформаци сӕвзӕрд Виттенбергы, ӕмӕ Целлариус уырдӕм куы ’рцыд, уӕд уайтагъд базонгӕ Мартин Лютеримӕ ӕмӕ, Лютерау аргъуаны ахуырӕдтӕ Библимӕ гӕсгӕ сраст кӕнын кӕй фӕндыд, уыдонимӕ. Цымӕ Целлариус адӕмы хъуыдытӕ ӕмӕ Фыстады рӕстдзинад кӕрӕдзийӕ куыд хицӕн кодта?

Иу чиныджы фыст ис, Целлариусы кӕй уырныдта, зӕгъгӕ, цӕмӕй адӕймаг рӕстдзинад ӕмбара, уый тыххӕй хъуамӕ «Фыстад лӕмбынӕг кӕса, Фыстады алы хӕйттӕ ӕдзух кӕрӕдзиимӕ бара ӕмӕ, фӕсмон кӕна, афтӕмӕй кува» (Teaching the Reformation). Библи лӕмбынӕг иртасгӕйӕ Целлариус цы базыдта?

1527 азы июлы Целлариусӕн мыхуыры рацыд чиныг «Хуыцауы хъуыддӕгты тыххӕй» (De Operibus Dei). Уыцы чиныджы Целлариус фыста, аргъуаны ахуырад, дзул ӕмӕ сӕн Чырыстийы буар ӕмӕ туг фестынц, зӕгъгӕ, уый комкоммӕ ӕмбарын кӕй нӕ хъӕуы. Профессор Робин Барнес куыд зӕгъы, афтӕмӕй ма Целлариус йӕ чиныджы «ӕмбарын кӕны Фыстадӕй уыцы пехуымпарӕдтӕ, афтӕ фыст кӕм ис, зӕгъгӕ, цы бӕллӕхы ӕмӕ хъизӕмӕртты рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, уыдоны фӕстӕ Дун-дуне сног уыдзӕн ӕмӕ алцыдӕр схорз уыдзӕн» (2 Петры 3:10–13).

Уӕлдай цымыдисаг уыдысты, Йесо Чырысти чи уыди, уый тыххӕй Целлариус цы цыбыр фиппаинӕгтӕ ныффыста, уыдон. Кӕд Троицӕйы ныхмӕ ӕргом ницы дзырдта, уӕддӕр «Уӕларвон Фыд» ӕмӕ «йӕ Фырт Йесо Чырыстийы» иу нӕ хуыдта. Фыста, Чырысти кӕй уыди бирӕ хуыцӕуттӕй ӕмӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы фырттӕй иу (Иоанны 10:34, 35).

Фыссӕг Роберт Уоллас йӕ чиныджы фыссы, Целлариусы къухфыстытӕм гӕсгӕ афтӕ зӕгъӕн кӕй нӕй, ӕмӕ 16-ӕм ӕнусы Троицӕйы ахуырад куыд ӕмбарын кодтой, уый йӕм раст кӕй каст * (Antitrinitarian Biography, 1850 аз).  Уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ ӕрцыдысты ахӕм хъуыдымӕ, Целлариус Троицӕйы ахуырадимӕ разы кӕй нӕ уыд. Афтӕ дӕр ма дзы загътой, кӕй уыд Хуыцауы кусӕнгӕрзтӕй иу «ӕцӕг Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы тыххӕй зонындзинӕдтӕ амонынӕн».

НЫФС ӔЙ УЫД, АРГЪУАН ЙЕ ’РГОМ БИБЛИМӔ КӔЙ РАЗДАХДЗӔН

1527 азы Виттенбергы ӕрцард теолог Иоанн Кампанус дӕр – йӕ рӕстӕджы ӕппӕты зындгонддӕр ахуыргӕндтӕй иу. Кӕд Реформаци йӕ тӕккӕ тӕмӕны уыд, уӕддӕр Мартин Лютеры ахуырӕдтимӕ разы нал уыд. Цӕуылнӕ?

Кампанус разы нӕ уыд, мессӕйы рӕстӕг дзул ӕмӕ сӕн Чырыстийы буар ӕмӕ туг кӕй фестынц, уыцы ахуырадимӕ. Лютер та дзырдта, Хицауы ӕхсӕвӕры дзулы ӕмӕ сӕны мидӕг кӕй вӕййынц Чырыстийы буар ӕмӕ туг. Ӕмӕ уыцы ахуырадимӕ дӕр Кампанус разы нӕ уыд. Андре Сегенни ныффыста, зӕгъгӕ, Кампанусы хъуыдымӕ гӕсгӕ, дзул алкӕддӕр дзулӕй баззайы, фӕлӕ ахӕсгӕ хуызы ӕвдисы Чырыстийы буар. Уыцы фарстатыл ныхас цыд, 1529 азы Марбургы цы сӕрмагонд динон фембӕлд уыд, уым. Фӕлӕ Кампанус Фыстадӕй цы базыдта, уый фӕдыл ӕй йӕ хъуыдытӕ радзурын нӕ бауагътой. Фӕстӕдӕр дзы Виттенбергы иннӕ реформатортӕ сӕхи дард ласын райдыдтой.

Иоанн Кампанус Троицӕйы ахуырад кӕм сдызӕрдыггаг кодта, уыцы чиныг (Restitution)

Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг уды, кӕнӕ сыгъдӕг тыхы, фӕдыл Кампанус цы хъуыды кодта, уый та реформаторты зӕрдӕмӕ бынтондӕр нӕ фӕцыд. 1532 азы Кампанус цы чиныг ныффыста, уым ӕргом загъта, Йесо ӕмӕ йӕ Фыд иу кӕй не сты (Restitution). Ӕмбарын дзы кодта, зӕгъгӕ, Фыд ӕмӕ Фырт «иу сты» ӕрмӕстдӕр уыцы хуызы, лӕг ӕмӕ ус «иу буар» куыд вӕййынц, афтӕ – кӕд иумӕ сты, уӕддӕр сты дыууӕ (Иоанны 10:30; Матфейы 19:5). Кампанус бафиппайдта, Фыд Фыртӕй уӕлдӕр кӕй у, уый равдисынӕн Фыстад дӕр ахӕм абарстӕй кӕй пайда кӕны: «Сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау у нӕлгоймаг, Чырыстийӕн та йӕ хицау у Хуыцау» (1 Коринфӕгтӕм 11:3).

Ӕмӕ сыгъдӕг уд та? Кампанус ныффыста, сыгъдӕг уд удгоймаг кӕй у, уый иунӕг текст дӕр кӕй нӕ бӕлвырд кӕны. Сыгъдӕг уд нымадта Хуыцауы архайгӕ тыхыл ӕмӕ дзырдта, Хуыцау уыцы тыхӕй кӕй пайда кодта, цӕмӕй алцыдӕр бацӕттӕ кодтаид ӕмӕ сарӕзтаид (Райдиан 1:2).

Лютер Кампанусы схуыдта Хуыцауы фауӕг ӕмӕ Хуыцауы Фырты знаг. Ӕндӕр реформатор та домдта, цӕмӕй Кампанусы амардтаиккой. Фӕлӕ Кампанус нӕ фӕтарст. Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй нӕ дызӕрдыг кодта, аргъуан Троицӕйы ахуырадыл кӕй ӕууӕндыд, йӕ бӕллӕх дӕр уый мидӕг кӕй уыд (The Radical Reformation).

Кампанус ныкуы бӕллыд йӕхи дины къорд саразынмӕ. Йӕхӕдӕг дзырдта, «сектӕты ӕмӕ ӕппӕт еретикты ’хсӕн» рӕстдзинад дзӕгъӕлы агуырдта. Ныфс ӕй уыд, Католикон аргъуан Библимӕ йе ’ргом кӕй раздахдзӕн, ӕмӕ ӕцӕг чырыстон ахуырӕдтӕ раст ӕмбарын кӕнын кӕй райдайдзӕн. Фӕлӕ фӕстӕдӕр Католикон аргъуаны разамонджытӕ Кампанусы ӕрцахстой. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, ахӕстоны фӕбадт 20 азӕй фылдӕр. Историктӕ зӕгъынц, Кампанус кӕй амард 1575 азмӕ ’ввахс.

 «АЛЦЫДӔР-ИУ СБӔЛВЫРД КӔНУТ»

Капитон, Целлариус, Кампанус ӕмӕ ма ӕндӕртӕ дӕр Библи лӕмбынӕг кӕй ахуыр кодтой, уый фӕрцы сӕ бон уыд рӕстдзинад ӕмӕ рӕдыд хъуыдытӕ кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнын. Уыцы рӕстдзинад агурджытӕ цы хъуыдытӕм ӕрцыдысты, уыдонӕй кӕд иуӕй-иутӕ Библимӕ гӕсгӕ бынтон раст нӕ уыдысты, уӕддӕр сӕрныллӕгӕй Фыстад иртӕстой ӕмӕ, цы рӕстдзинад базыдтой, уымӕн аргъ кодтой.

Апостол Павел чырыстӕтты фӕдзӕхста: «Алцыдӕр-иу сбӕлвырд кӕнут, хорз цы у, ууыл фидар хӕцут» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:21). Рӕстдзинад базонын кӕй фӕнды уыдонӕн баххуыс кӕнынӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ рауагътой чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?». Кӕд дӕ ацы чиныг лӕвар райсын фӕнды, уӕд дӕ цы кӕнын хъӕуы, уый базоныны тыххӕй ӕркӕс ацы журналы 16 фарсмӕ кӕнӕ бацу нӕ сайтмӕ jw.org/os.

^ 8 абз. Кӕс 2006 азы майы «Пробудитесь!», статья «Мигель Сервет. В поисках истины». Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

^ 17 абз. Чырыстийы кой кӕнгӕйӕ Целлариус дзырд «хуыцау»-ӕй куыд пайда кодта, уый тыххӕй иу чиныджы фыст ис: «Мыхуыргонд тексты фыст ис „deus“ [хуыцау], „Deus“ [Хуыцау] нӕ, фӕлӕ; фӕстаг ӕмбӕлы, дзырд Стыр Хуыцауыл кӕм цӕуы, ӕрмӕстдӕр уым».