Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чи амард, уыдонмӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы?

Чи амард, уыдонмӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы?

ӔРӔДЖЫ иу корейаг газеты ныммыхуыр кодтой статья цымыдисаг сӕргондимӕ: «Ӕмбисонды Шим Чон Чырыстийы тыххӕй ницы зыдта ӕмӕ ныр зындоны ис?» (The Chosun Ilbo).

Йӕ сӕргонд бирӕты хъуыдытыл бафтыдта, уымӕн ӕмӕ Шим Чоны иууылдӕр зонынц ӕмӕ уарзынц. Уый у иу корейаг аргъауы сӕйраг хъайтар. Шим Чон йӕ цард нывондӕн ӕрхаста, цӕмӕй йӕ куырм фыд цӕстӕй ракастаид. Йӕ фыдыл афтӕ иузӕрдион кӕй уыд, уый тыххӕй корейӕгтӕм тынг кадджын у.

Ахӕм адӕймаг аргъуыд чырыстон кӕй нӕ уыд, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй зындоны арты хъизӕмар кӕна, уый бирӕтӕм раст нӕ фӕкаст, суанг ма сын хъыг дӕр уыд. Уымӕй дӕр, куыд зӕгъынц, афтӕмӕй уыцы хабар ӕрцыд, Чырыстийы тыххӕй Шим Чоны хъӕуы куы фехъуыстой, уымӕй бирӕ раздӕр.

Статьяйы уыд интервью сауджынимӕ. Сауджыны бафарстой, зӕгъгӕ, дам, Йесойы тыххӕй базоныны фадат кӕмӕн нӕ уыд, афтӕмӕй чи амард, уыдон хъуамӕ зындоны арты судзой? Цавӕр дзуапп радта уыцы фарстайӕн? «Мах ӕй нӕ зонӕм. Нӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Хуыцаумӕ [ахӕм адӕмы тыххӕй] цыдӕр фӕнд ис».

ФЕРВӔЗЫНЫ ТЫХХӔЙ ЦЫ ХЪӔУЫ

Иу энциклопедийы фыст ис: «Фервӕзыны тыххӕй ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы аргъуыд райсын. Йесо Чырысти йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй адӕймаг ногӕй донӕй ӕмӕ Сыгъдӕг Тыхӕй куы нӕ райгуыра, уӕд Хуыцауы Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзӕн (Ин 3:5)» (The New Catholic Encyclopedia). Уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ аргъуыд чи нӕ райста, афтӕмӕй чи амард, уыдон зындоны артмӕ бахауынц кӕнӕ мӕлӕты фӕстӕ ӕндӕр искуыд фӕхъизӕмар кӕнынц.

Фӕлӕ ууыл чи не ’ууӕнды, ахӕмтӕ дӕр бирӕ ис. Милуангай адӕм амардысты, Библи нӕ зыдтой, афтӕмӕй. Цымӕ уыдон хъуамӕ ӕнустӕм зындоны хъизӕмар кӕной? Библийы уый фӕдыл цы фыст ис?

БИБЛИ НЫФС ЦӔМӔЙ ӔВӔРЫ

Библийӕ бӕрӕг у, Хуыцау цы цӕстӕй кӕсы, йӕ закъӕттӕ йын чи нӕ зыдта, уыдонмӕ. Хъуыддӕгты 17:30 стихы фыст ис: «Хуыцау нал кӕсы, адӕм ӕй куы нӕ зыдтой, уыцы рӕстӕджытӕм». Уӕдӕ Хуыцауы тыххӕй базоныны фадат кӕмӕн нӕ уыд, афтӕмӕй чи амард, уыдонӕн Библимӕ гӕсгӕ цавӕр ныфс ис?

Цы зӕгъынмӕ хъавыд Йесо ацы ныхӕстӕй: «Уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты»?

Ацы фарстайӕн дзуапп ссарӕн ис, Чырысти, йӕ фарсмӕ цы фыдгӕнӕг ауыгъд уыд, уымӕн цы загъта, уымӕй. Уыцы нӕлгоймаг Йесойӕн загъта: «Паддзах куы суай, уӕд-иу мӕ ӕрхъуыды кӕн». Цавӕр дзуапп ын радта Йесо? «Ӕцӕг дын зӕгъын абон: уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты» (Лукайы 23:39–43).

Цымӕ Чырысти уыцы нӕлгоймагӕн ныфс цӕмӕй бавӕрдта? Уӕларвмӕ кӕй ацӕудзӕн, уымӕй? Нӕ. Цӕмӕй адӕймаг уӕларвон Паддзахадмӕ бацӕуа, уый тыххӕй хъуамӕ ногӕй райгуыра, ома донаргъуыд райса ӕмӕ Хуыцауы тыхӕй схайджын уа. Ӕмӕ уыцы нӕлгоймаг та ногӕй нӕ райгуырд (Иоанны 3:3–6). Уӕдӕ Йесо уыцы фыдгӕнӕгӕн ныфс бавӕрдта, Дзӕнӕты кӕй цӕрдзӕн, уымӕй. Дзуттаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, зыдта, Библийы фыццаг чиныджы кӕй кой ис, уыцы зӕххон Дзӕнӕт, кӕнӕ Едемы цӕхӕрадон, цы у, уый (Райдиан 2:8). Йесойы ныхӕстӕ дзы ныфс бауагътой, ногӕй зӕххыл Дзӕнӕт куы уа, уӕд кӕй райгас уыдзӕн.

Ӕцӕгдӕр, Библийы фыст ис, кӕй «райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 24:15). «Фыдгӕнджытӕ» сты, Хуыцауы фӕндон чи нӕ зыдта, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ йӕ раст уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи нӕ цард, афтӕмӕй чи амард, уыдон. Чырысти райгас кӕндзӕн, йемӕ чи ныхас кодта, уыцы «фыдгӕнӕджы» дӕр ӕмӕ, Хуыцауы чи нӕ зыдта, афтӕмӕй чи амард, уыцы адӕмӕй дӕр милуанты, кӕнӕ, чи зоны, миллиардты. Уый фӕстӕ сын Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ амондзысты, ӕмӕ сын фадат уыдзӕн, Хуыцауы кӕй уарзынц, уый равдисынӕн. Уый бӕрӕг уыдзӕн, йӕ закъӕттӕ йын куы ӕххӕст кӕной, уымӕй.

 «ФЫДГӔНДЖЫТӔ» КУЫ РАЙГАС УОЙ

Фыдгӕнджытӕ куы райгас уой, уӕд цымӕ сӕ раздӕры хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ цӕудзысты тӕрхонгонд? Нӕ. Ромӕгтӕм 6:7 стихы кӕсӕм: «Чи амард, уый йӕ тӕригъӕды хӕсӕй ссӕрибар». Фыдгӕнджытӕ сӕ тӕригъӕдтӕ бафиддзысты сӕ мӕлӕтӕй. Уӕдӕ тӕрхонгонд цӕудзысты, сӕ мӕлӕты размӕ, ома, цалынмӕ Хуыцауы нӕ зыдтой, уӕдмӕ цы арӕзтой, уымӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ куы райгас уой, уый фӕстӕ цы араздзысты, уымӕ гӕсгӕ. Уый сын цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

Фыдгӕнджытӕ куы райгас уой, уӕд сын фадат уыдзӕн Хуыцауы закъӕттӕ базонынӕн. Цавӕр закъӕттӕ сты, уый рабӕрӕг уыдзӕн, Раргомады чиныджы цы тыхтӕтты кой ис, уыдон куы байгом уой, уӕд. Уый фӕстӕ тӕрхонгонд цӕудзысты сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ, ома, Хуыцауы закъӕттӕ ӕххӕст кӕндзысты ӕви нӕ, уымӕ гӕсгӕ (Раргомад 20:12, 13). Фыдгӕнджытӕй бирӕтӕн уый уыдзӕн дыккаг фадат нӕ, фӕлӕ фыццаг фадат, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон базоной ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕной ӕмӕ уый фӕрцы ӕнусон цардӕй зӕххыл схайджын уой.

Библийы мӕрдты райгасы тыххӕй цы фыст ис, уый бирӕтӕн баххуыс кодта, цӕмӕй ногӕй Хуыцауыл баууӕндыдаиккой. Ён Суг у уыдонӕй иу. Гыццыл чызг ма куы уыд уӕдӕй фӕстӕмӕ Хуыцауыл тынг ӕууӕндыд, хӕст уыд католикон диныл. Йӕ хиуӕттӕй чидӕртӕ уыдысты сауджынтӕ. Йӕхи та фӕндыд, цӕмӕй моладзан суыдаид, ӕмӕ уый тыххӕй моладзандонмӕ ацыд. Фӕлӕ дзы иуцасдӕр куы фӕци, уӕд фӕстӕмӕ рацыд, уымӕн ӕмӕ дзы цы федта, уыдӕттӕ йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыдысты. Уымӕй уӕлдай, разы нӕ уыд зындоны арты тыххӕй ахуырадыл. Адӕмы зындоны арты судзын тынг ӕнӕраст ӕмӕ ӕгъатыр хъуыддагыл нымадта.

Фӕстӕдӕр иу сылгоймаг, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, Ён Сугӕн равдыста, Библийы цы фыст ис, уый: «Удӕгӕстӕ зонынц, кӕй амӕлдзысты, мӕрдтӕ та ӕппындӕр ницы зонынц, ӕмӕ сын фидгӕ дӕр ничиуал ницы бакӕндзӕн» (Екклесиаст 9:5). Стӕй йын бамбарын кодтой, йӕ фыдӕлтӕ зындоны арты кӕй нӕ судзынц, фӕлӕ мӕрдвынӕй кӕй кӕнынц ӕмӕ сӕ Хуыцау кӕй райгас кӕндзӕн.

Ён Суг зыдта, бирӕтӕ Библийы фыст рӕстдзинад кӕй никуы фехъуыстой, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ зӕрдӕмӕ тынг айста Чырыстийы ныхӕстӕ. Фыст сты Матфейы 24:14 стихы: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон». Ныр Ён Суг иннӕтӕн хорз хабар хъусын кӕны ӕмӕ, Библийы цы диссаджы ныфсы кой ис, уый сын дзуры.

«ХУЫЦАУ... НИКӔЙ ХЪУЛОН КӔНЫ»

Библийы фыст ис: «Хуыцау... никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ алы адӕмӕй йӕ зӕрдӕйӕн адджын у, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймаг» (Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Хуыцауы тӕрхонмӕ фау ӕрхӕссӕн кӕй нӕй. Ӕцӕгдӕр, Хуыцау «уарзы рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон» (Псалом 33:5).