Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Депрессийӕ фервӕзынӕн мын цы баххуыс кӕндзӕн?

Депрессийӕ фервӕзынӕн мын цы баххуыс кӕндзӕн?

 Куыд бакӕндзынӕ?

 Ӕркӕсӕм ахӕм цӕвиттонтӕм:

 Дженниферӕн йӕ зӕрдӕ ницӕмӕйуал райы. Алы бон дӕр фӕкӕуы, фӕлӕ цӕмӕн, уый йӕхӕдӕг дӕр не ’мбары. Адӕмӕй йӕхи дард ласы ӕмӕ рӕстмӕ хӕргӕ дӕр нӕ кӕны. Ӕппындӕр нӕ фынӕй кӕны, стӕй йӕ хъуыдытӕ адзӕгъӕл вӕййынц. Дженнифер фӕхъуыды кӕны: «Цымӕ цы кӕнын? Искуы ма мӕхимӕ ӕрцӕудзынӕн?»

 Марк тынг хорз ахуыр кодта. Фӕлӕ ныр скъолайӕ йӕ удхӕссӕг уыны ӕмӕ ӕвзӕр ахуыр кӕнын райдыдта. Кӕд раздӕр спорт йӕ зӕрдӕмӕ цыди, уӕд ӕм ныр уымӕн тыхтӕ дӕр нал вӕййы. Йе ’мбӕлттӕ не ’мбарынц, цы кодта, уый. Йӕ ныййарджытӕ мӕты бахаудысты. Фӕлӕ цымӕ йӕ уавӕр йӕхигъӕдӕй фӕхуыздӕр уыдзӕн ӕви йӕ исты аразын хъӕуы?

 Мыййаг, ды дӕр Дженнифер ӕмӕ Маркы уавӕры дӕ? Кӕд о, уӕд куыд бакӕндзынӕ?

  1.   Дӕхи хъаруйӕ архайдзынӕ.

  2.   Хистӕртӕй кӕуыл ӕууӕндыс, уыдонӕй искӕимӕ аныхас кӕндзынӕ.

 Чи зоны дӕм ӕнцондӕр фӕкӕса 1-аг вариантмӕ гӕсгӕ бацархайын, уӕлдайдӕр та дӕ кӕд дзурын никӕимӕ фӕнды, уӕд. Фӕлӕ цымӕ афтӕ бакӕнын раст уыдзӕн? Библийы фыст ис: «Дыууӕ адӕймагӕн, иунӕгӕй чи у, уымӕй хуыздӕр у... Сӕ иу куы ахауа, уӕд иннӕ схӕцдзӕн йе ’мбалыл. Фӕлӕ, иунӕг чи у, уый та? Куы ахауа, уӕд ыл чи схӕцдзӕн?» (Екклесиаст 4:9, 10).

 Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цыма, фыдракӕндтӕ арӕх кӕм ӕрцӕуы, ахӕм районы фӕдзӕгъӕл дӕ. У дзы талынг ӕмӕ алы тигъыл дӕр лӕууы ӕнӕзонгӕ адӕм. Куыд бакӕндзынӕ? Чи зоны, зӕгъай, мӕхӕдӕг истытӕ кӕндзынӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ хуыздӕр нӕ уыдзӕн, кӕуыл ӕууӕндыс, ахӕм искӕмӕн куы зӕгъай, цӕмӕй дын баххуыс кӕна?

 Йӕхимӕ чи ныхъхъусы, уымӕн йӕ уавӕр абарӕн ис, ахӕм районы чи фӕдзӕгъӕл, уыимӕ. Чи зоны, ахӕм адӕймагӕн йӕ уавӕр йӕхигъӕдӕй фӕхуыздӕр уа. Фӕлӕ ахӕм уавӕр бирӕ куы ахӕсса, уӕд хуыздӕр уыдзӕн ӕххуыс бацагурын.

 БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Йӕхи иннӕтӕй дард чи ласа, уый... цӕудзӕн ӕппӕт куырыхон зонды ныхмӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 18:1).

 2-аг вариантмӕ гӕсгӕ бацархайын, ома дӕ ныййарджытимӕ кӕнӕ, хистӕртӕй кӕуыл ӕууӕндыс, уыдонӕй искӕимӕ аныхас кӕнын, хуыздӕр уымӕн у, ӕмӕ уыдон дӕр, чи зоны, ахӕм уавӕры уыдысты, ӕмӕ зонынц, цы аразын хъӕуы, уый.

 Чи зоны, зӕгъай: «Мӕ ныййарджытӕ депрессийӕн ницы зонынц». Фӕлӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у? Кӕд уыдон дӕ карӕнӕй бынтон ахӕм уавӕры нӕ уыдысты, уӕддӕр сӕм, ӕвӕццӕгӕн, дӕу хуызӕн ӕнкъарӕнтӕ уыдаид. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, зонынц, цы дын баххуыс кӕндзӕн.

 БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Ау, зонд зӕрӕдтӕм нӕй? Ӕмӕ ӕмбарындзинад, бирӕ чи фӕцард, уыдонмӕ?» (Иов 12:12).

 Уӕдӕ цы зӕгъӕн ис? Де ’нкъарӕнты тыххӕй дӕ ныййарджытӕн кӕнӕ, хистӕртӕй кӕуыл ӕууӕндыс, уыдонӕй искӕмӕн куы радзурай, уӕд дын ратдзысты, чи дын баххуыс кӕндзӕн, ахӕм уынаффӕ.

Депрессийӕ рынчын уай, уый абарӕн ис, фыдракӕндтӕ арӕх кӕм ӕрцӕуы, ахӕм районы куыд фӕдзӕгъӕл уай, уыимӕ. Ахӕм уавӕры дӕ хъӕуы ӕххуыс бацагурын

 Мыййаг дӕ дохтырты ӕххуыс нӕ хъӕуы?

 Кӕд дӕ ӕрхӕндӕг хъуыдытӕ алы бон дӕр сӕ быны скӕнынц, уӕд, чи зоны, депрессийӕ рынчын дӕ ӕмӕ дӕ хъӕуы дохтырты ӕххуыс бацагурын.

 Рӕзгӕ кары чи ис, уыдонӕн сӕ зӕрдӕйы уаг куыд фӕраив-баив кӕны, депрессийӕ рынчын чи у, уыдонӕн дӕр афтӕ вӕййы, ӕрмӕст уыдонӕн сӕ уавӕр уӕззаудӕр вӕййы ӕмӕ сын фылдӕр рӕстӕг ахӕссы. Уӕдӕ кӕд ды дӕр ахӕм уавӕры бирӕ рӕстӕг дӕ, уӕд хорз уаид, дӕ ныййарджытӕн куы зӕгъис, цӕмӕй дохтырмӕ ацӕуат.

 БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Дохтыр рынчынты хъӕуы, ӕнӕниз чи у, уыдоны нӕ, фӕлӕ» (Матфейы 9:12).

 Дохтыр куы зӕгъа, депрессийӕ рынчын кӕй дӕ, уӕд-иу дӕм уый худинаг ма кӕсӕд. Ӕрыгӕттӕй депрессийӕ бирӕтӕ вӕййынц рынчын, стӕй йын сдзӕбӕх кӕнӕн дӕр ис. Дӕ хорз ӕмбӕлттӕ дӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕсын нӕ райдайдзысты.

 Уынаффӕ. У фӕразон. Цӕмӕй депрессийӕ фервӕзай, уымӕн рӕстӕг хъӕуы. Гӕнӕн ис, ӕмӕ-иу дӕ уавӕр куы хуыздӕр фӕуа, куы та – фыддӕр a.

 Депрессийӕ фервӕзынӕн дын цы баххуыс кӕндзӕн

 Дохтырты ӕххуыс дӕ хъӕуа ӕви нӕ, уӕддӕр цыдӕр саразӕн ис. Зӕгъӕм, де уӕнгтӕ-иу аиваз, хӕрзхъӕд хӕринӕгтӕ хӕр ӕмӕ фаг фынӕй кӕн (Екклесиаст 4:6; 1 Тимофеймӕ 4:8). Ноджыдӕр ма дӕ бон у дӕхимӕ афыссын, цавӕр ӕнкъарӕнтӕ дӕм ис, депрессийӕ фервӕзыны тыххӕй цы аразинаг дӕ, стӕй дын цы нӕ рауад ӕмӕ цы рауад, уый.

 Дохтырты ӕххуыс дӕ хъӕуы ӕви ӕнӕуи цӕйдӕр тыххӕй ныхъхъуыстай дӕхимӕ, уӕддӕр дӕ зӕрдыл дар: иннӕты ӕххуысыл куы сразы уай ӕмӕ, дӕ бон цы у, уый куы аразай, уӕд дӕ депрессийӕ фервӕздзынӕ.

 Библийӕ дын цавӕр стихтӕ баххуыс кӕндзысты?

  •  «Йегъовӕ хӕстӕг у, зӕрдӕсаст чи у, уыдонмӕ, ӕмӕ, ныфссаст чи у, уыдоны ирвӕзын кӕны» (Псалом 34:18).

  •  «Дӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕр, ӕмӕ дын уый баххуыс кӕндзӕн. Никуы бауадздзӕн рӕстгӕнӕджы фӕцудын» (Псалом 55:22).

  •  «Ӕз дын хӕцын дӕ рахиз къухыл, ӕз, дӕ Хуыцау Йегъовӕ, ӕмӕ дын дзурын: „Ма тӕрс, ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн“» (Исай 41:13).

  •  «Райсом цы уыдзӕн, ууыл макуы катай кӕнут» (Матфейы 6:34).

  •  «[Хуыцауӕй] курут, цы уӕ хъӕуы, уый. Ӕмӕ уын Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн... бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ» (Филиппӕгтӕм 4:6, 7).

a Кӕд дӕм ахӕм хъуыдытӕ фӕзыны, ӕмӕ дӕхи амарай, уӕд ӕвӕстиатӕй аныхас кӕн, хистӕртӕй кӕуыл ӕууӕндыс, уыдонӕй искӕимӕ. Фылдӕр базоныны тыххӕй кӕс, 2014 азы апрелы «Пробудитесь!»-ы цы цыппар статьяйы ис, «Почему жить стоит», зӕгъгӕ, уыдон.