Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Цы саразон, цӕмӕй мӕ хъуыддӕгтӕ афоныл аразынмӕ ма зивӕг кӕнон?

Цы саразон, цӕмӕй мӕ хъуыддӕгтӕ афоныл аразынмӕ ма зивӕг кӕнон?

Бафӕлладтӕ, дӕ уроктӕ ӕнӕ кондӕй кӕй баззайынц ӕмӕ дыл хӕдзары цы хӕстӕ ис, уыдон дын афоныл саразын кӕй нӕ рауайы, уымӕй? Уӕд дӕ рӕстӕгӕн аргъ кӕн! Ацы статьяйы фӕрцы дӕ бон бауыдзӕн дӕ хъуыддӕгтӕ афоныл аразын, кӕд ӕмӕ:

Ацы статья куы бакӕсай, уӕд уый фӕстӕ  скӕн, кӕронӕй цы тест ис, уый.

 Библийы фыст ис, адӕймаг йӕ хъуыддӕгтӕ афоныл куы нӕ фӕаразы, уӕд ӕй уый цӕмӕ ӕркӕны. Фыст дзы ис: «Дымгӕмӕ йӕ хъус чи дары, уый ницы байтаудзӕн, ӕмӕ мигътӕм чи кӕсы, уый ницы ӕркӕрддзӕн» (Екклесиаст 11:4).

 Ӕркӕс, алцыдӕр афоныл аразын ноджы зындӕр кӕй тыххӕй вӕййы, цалдӕр ахӕм хъуыддагмӕ ӕмӕ ахъуыды кӕн, цы ис бакӕнӕн, цӕмӕй дӕ хабар фӕхуыздӕр уа.

 Афтӕ куы хъуыды кӕнай, ӕмӕ уыцы хъуыддагӕн саразӕн нӕй.

 Раст зӕгъгӕйӕ, бирӕ хъуыддӕгтӕ ахӕм зын вӕййынц, ӕмӕ сӕм адӕймаг йӕ ныфс хӕсгӕ дӕр нӕ фӕкӕны. Йӕхи фӕсайы, фӕстӕдӕр сӕ скӕндзынӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ ӕндӕрхуызон дӕр ис бакӕнӕн.

  •   Цы саразын дӕ хъӕуы, уый адих кӕн. «Куы йӕ фӕзонын, ӕмӕ мын рӕстӕг тынг гыццыл ис, уӕд дӕр дыууӕ хъуыддаджы уыцы иу рӕстӕг нӕ фӕкӕнын»,– зӕгъы Мелиссӕ.

  •   Уайтагъд ӕй райдай аразын. «Куыддӕр дын исты бахӕс кӕной, афтӕ йӕ аразын райдай. Кӕд ӕппын ницы, уӕддӕр ӕй бахӕсс, саразын дӕ кӕй хъӕуы, уыцы хъуыддӕгты хыгъдмӕ кӕнӕ дӕм уыцы хъуыддаджы фӕдыл цы хъуыдытӕ ис, уыдонӕй иу-дыууӕ афысс, цалынмӕ дӕ нӕ ферох сты, уӕдмӕ» (Верӕ).

  •   Агур ӕххуыс. Гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕ ныййарджытӕ кӕнӕ дӕ ахуыргӕнджытӕ дӕр кӕддӕр ахӕм зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты. Хорз уаид, куы сын зӕгъис, цӕмӕй дын баххуыс кӕной. Уыдон дын баххуыс кӕндзысты хъуыддагыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнынӕн ӕмӕ йӕ куыд араздзынӕ, уый спълан кӕнынӕн.

 Уынаффӕ. «График скӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый тыххӕй дын алцыдӕр хъуамӕ йӕ бынаты уа ӕмӕ алцыдӕр графикмӕ гӕсгӕ аразай, фӕлӕ фӕсмон нӕ фӕкӕндзынӕ – алцыдӕр афоныл сараздзынӕ» (Эбби).

 Йӕ аразын дӕ ӕппындӕр нӕ фӕнды.

 Мыййаг, исты аразынмӕ зивӕг фӕкӕныс? Фӕлӕ дӕ ӕнӕмӕнгӕй исты аразын куы хъӕуа, фӕндгӕ та дӕ куы нӕ кӕна, уӕд та? Мӕнӕ цалдӕр уынаффӕйы.

  •   Ахъуыды кӕн, ӕвӕстиатӕй йӕ цӕмӕн хъӕуы саразын, ууыл. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, куыд дын фенцондӕр уыдзӕн, алцыдӕр цӕттӕ куы уа, уӕд. «Афоныл кӕнӕ суанг афонӕй раздӕр исты куы саразыс, уӕд бамбарыс, ныр дӕ бон кӕй у сӕрибарӕй сулӕфын,– уыимӕ ницы ис абарӕн»,– дзуры Эйми.

  •   Дӕ зӕрдыл-иу ӕрлӕууын кӕн, уый дӕ цӕмӕ ӕркӕндзӕн. Исты саразынмӕ фӕстӕ-фӕстӕ куы кӕнай, уӕд тынгдӕр тыхсдзынӕ ӕмӕ дын ӕнтысгӕ дӕр къаддӕр бакӕндзӕн. Библийы фыст ис: «Адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн» (Галатӕгтӕм 6:7).

  •   Йӕ саразынӕн дын цыма къаддӕр рӕстӕг ис, афтӕ хъуыды кӕн. «Афтӕ куы фӕхъуыды кӕнын, ӕмӕ мӕ хӕслӕвӕрд мӕ иу бон кӕнӕ дыууӕ боны раздӕр саразын хъӕуы, уӕд мын ӕнцондӕр вӕййы,– дзуры Алисия.– Ӕвзӕр нӕ вӕййы, иу-дыууӕ боны раздӕр ӕй куы саразай, цӕмӕй ма йӕм уый фӕстӕ ногӕй ӕркӕсӕн уа».

 Уынаффӕ. «Алцыдӕр кӕнгӕ у, хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсыс, уымӕй. Дӕхицӕн зӕгъ, алцыдӕр дын кӕй рауайдзӕн ӕмӕ дӕ кӕй ницы бахъыгдардзӕн. Мӕхицӕн афтӕ куы фӕзӕгъын, уӕд мын алцыдӕр рауайы» (Алексис).

 Ӕнӕуи дӕр дын дуне хъуыддӕгтӕ ис

 «Иннӕтӕ мын арӕх фӕдзурынц, алцыдӕр къуырцдзӕвӕнмӕ кӕй ӕрхӕссын,– хъаст кӕны иу лӕппу, йӕ ном Натан,– фӕлӕ ӕз семӕ разы нӕ дӕн! Уыдон ӕй ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕнынц, цас хъуыддӕгтӕ мын вӕййы!» Кӕд ды дӕр Натаны уавӕры дӕ, уӕд дын дӕлдӕр фыст уынаффӕтӕ баххуыс кӕндзысты.

  •   Фыццаг уал бакӕн, ӕнцондӕр чи сты, уыцы хъуыддӕгтӕ. «Иухатт мын чидӕр ахӕм уынаффӕ радта: кӕд дын хъуыддагыл фондз минутӕй фылдӕр нӕ ацӕудзӕн, уӕд-иу ӕй уайтагъд бакӕн,– дзуры иу чызг, Эмбер.– Зӕгъӕм, дӕ дӕ фӕстӕ исты афснайын куы хъӕуа, дӕ дзауммӕттӕ сӕ бынӕтты ӕрцауындзын, тӕбӕгътӕ ахсын кӕнӕ кӕмӕдӕр телефонӕй фӕдзурын».

  •   Ахсджиагдӕр сӕ кӕцы у, уый раздӕр бакӕн. Библийы фыст ис: «Ахсджиагдӕр цы у, уый сбӕлвырд кӕнут» (Филиппӕгтӕм 1:10). Куыд ис ацы уынаффӕйӕ алы бон дӕр пайда кӕнӕн? «Цы хъуыддӕгтӕ мӕ фӕхъӕуы саразын, уыдонӕн хыгъд скӕнын ӕмӕ сӕ кӕд фӕхъӕуы саразын, уый дӕр фӕнысан кӕнын,– дзуры Аннӕ.– Фӕлӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ алы хъуыддаджы фарсмӕ дӕр бафыссын, кӕд ӕй райдайдзынӕн ӕмӕ йӕ кӕд фӕуыдзынӕн».

 Чи зоны дӕм ацы графиктӕ ӕмӕ хыгъдтӕ аразын зын фӕкӕса. Фӕлӕ иу гыццыл ахъуыды кӕн! Хабар афтӕ у, ӕмӕ дӕ цы саразын хъӕуы, уыдӕттӕн хыгъд куы скӕнай, уӕд ды суыдзынӕ рӕстӕджы хицау, рӕстӕг дӕ хицау нӕ, фӕлӕ. Афтӕмӕй та къаддӕр тыхсдзынӕ. «Мӕ хъуыддӕгтӕ куы спълан кӕнын, уӕд вӕййын сабыр ӕмӕ ницӕуыл фӕтыхсын»,– дзуры иу чызг Келли.

  •   Иу хъуыддагӕй иннӕмӕ ма рагӕпп-багӕпп кӕн. «Исты ахсджиаг хъуыддаг аразын куы райдайын, уӕд ӕй мӕ бинонтӕн фӕзӕгъын,– зӕгъы Дженнифер.– Мӕнмӕ чи хауы, ахӕм исты аразын куы фӕхъӕуы, уӕд сын фӕзӕгъын, цӕмӕй-иу мын уый тыххӕй рагацау зӕгъой. Афтӕмӕй фыццаг уыцы хъуыддаг бакӕнын, уый фӕстӕ та мӕхи хъуыддаг аразынмӕ бавналын. Уымӕй уӕлдай ма ахуыссын кӕнын мӕ телефон ӕмӕ мӕ электрон почтӕйы сигнал».

 Уынаффӕ. «Исты хъуыддаг куы райдайай, уӕд ӕй кӕронмӕ фӕу. Сараз ӕй, ӕмӕ фӕци. Уӕд дыл уаргъау нал уӕз кӕндзӕн, ӕмӕ ма бонӕй цы рӕстӕг баззайа, уый дӕ уды дзӕбӕхӕн арвитдзынӕ» (Джордан).