Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

8 СӔР

Фыддзинад ӕмӕ хъизӕмӕрттӕн Хуыцау кӕрон цӕуылнӕ скӕны?

Фыддзинад ӕмӕ хъизӕмӕрттӕн Хуыцау кӕрон цӕуылнӕ скӕны?

1. Фыддзинад куыд фӕзынд?

Хуыцау зӕххон хицӕуттӕн фаг рӕстӕг кӕй радта, уый фӕрцы сбӕлвырд, сӕ бон кӕй нӕу адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон скӕнын

Зӕххыл фыддзинад фӕзынд, Сайтан Хӕйрӕг фыццаг мӕнг ныхас куы загъта, уӕд. Хӕйрӕг райдианы уыди алцӕмӕй ӕххӕст зӕд, фӕлӕ «рӕстдзинады фӕндагӕй фӕиппӕрд» (Иоанны 8:44). Уый бабӕллыд, ӕрмӕстдӕр Хуыцаумӕ цы ӕмбӕлы, уымӕ – бафӕндыд ӕй, цӕмӕй адӕм уымӕн куывтаиккой. Хӕйрӕг фыццаг сылгоймаг Евӕйы асайдта ӕмӕ йӕ ахӕм зондыл сарӕзта, цӕмӕй Хуыцаумӕ нӕ, фӕлӕ уымӕ байхъуыстаид. Евӕйау Адам дӕр Хуыцауы ныхасы сӕрты ахызт. Адам ахӕм фӕндаг кӕй равзӕрста, уый ӕркодта хъизӕмӕрттӕм ӕмӕ мӕлӕтмӕ. Бакӕс Райдиан 3:1–6, 19.

Хӕйрӕг Евӕйы куы асайдта, уӕд рацыд Хуыцауы хицаудзинады ныхмӕ. Хӕйрӕджы фӕдыл ацыдысты адӕмӕн сӕ фылдӕр – уыдон дӕр Хуыцауы сӕ хицауыл нӕ нымайынц. Афтӕмӕй Хӕйрӕг сси «ацы дунейы хицау». Бакӕс Иоанны 14:30; 1 Иоанны 5:19.

2. Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыдонмӕ исты хъӕндзинад уыд?

Хуыцауы сконд хъуыддӕгтӕм фау ӕрхӕссӕн ницӕмӕй ис. Уый адӕмы дӕр ӕмӕ зӕдты дӕр афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ сӕ бон уыди алы хъуыддаджы дӕр йӕ коммӕ кӕсын (Дыккаг закъон 32:4, 5). Хуыцау нын радта сӕрибардзинад, ома нӕ алчидӕр йӕхӕдӕг ӕвзары, хорздзинад араздзӕн ӕви ӕвзӕрдзинад. Ӕмӕ нын уый фӕрцы фадат ис, цӕмӕй ӕвдисӕм, Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый. Бакӕс Иаковы 1:13–15; 1 Иоанны 5:3.

3. Хуыцау хъизӕмӕрттӕн ныронг кӕрон цӕуылнӕ скодта?

Йегъовӕ рӕстӕгмӕ бауагъта, цӕмӕй йӕ хицаудзинады ныхмӕ цӕуой. Афтӕ уымӕн бакодта, цӕмӕй алчидӕр федтаид, адӕм ӕнӕ Хуыцауӕй куыдфӕнды ма архайой, уӕддӕр сӕ хицаудзинад хорзӕй кӕй ницы ӕрхӕсдзӕн (Екклесиаст 7:29; 8:9). Адӕймаг адӕймагӕн хицау у 6 000 азы дӕргъы, ӕмӕ ныр алчидӕр уыны, зӕххон хицӕуттӕн сӕ бон кӕй нӕу хӕстытӕн, фыдракӕндтӕн, ӕнӕраст хъуыддӕгтӕн ӕмӕ низтӕн кӕрон скӕнын. Бакӕс Йеремийы 10:23; Ромӕгтӕм 9:17.

Зӕххон хицӕуттӕй уӕлдай Хуыцау, йӕ коммӕ чи кӕсы, уыдоны ныр дӕр хайджын кӕны бирӕ хорздзинӕдтӕй (Исай 48:17, 18). Тагъд Йегъовӕ кӕрон скӕндзӕн, зӕххыл цы хицауӕдтӕ ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Зӕххыл ӕнустӕм цӕргӕйӕ баззайдзысты, Хуыцауы йӕ хицауыл чи нымайы, ӕрмӕстдӕр уыдон (Исай 11:9). Бакӕс Данелы 2:44.

Бакӕс видеороликмӕ «Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны?»

4. Хуыцау тагъд кӕй нӕ кӕны, уый фӕрцы нын цавӕр фадат ис?

Хӕйрӕг загъта, зӕгъгӕ, адӕм Йегъовӕйӕн ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй лӕггад кӕнынц, ӕмӕ сын уымӕй цыдӕр пайда ис. Йӕ ныхӕстӕ мӕнг кӕй сты, уый равдисын дӕ нӕ фӕнды? Ахӕм фадат ис алкӕмӕн дӕр. Хуыцау тагъд кӕй нӕ кӕны, уый фӕрцы нӕ бон у равдисын, нӕ хицауыл адӕймаджы нымайӕм ӕви Хуыцауы. Ӕмӕ уый бӕрӕг уыдзӕн, нӕ цард куыд аразӕм, уымӕй. Бакӕс Иов 1:8–12; Ӕмбисӕндтӕ 27:11.

5. Хуыцауы нӕ хицауыл кӕй нымайӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?

Нӕ цард куыд аразӕм, уымӕй ӕвдисӕм, Хуыцауы нӕ хицауыл нымайӕм ӕви нӕ

Хуыцауы фӕндон базоныныл куы архайӕм ӕмӕ йӕ Ныхас Библийы куыд фыст ис, афтӕ йын куы кувӕм, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, нӕ хицауыл ӕй кӕй нымайӕм (Иоанны 4:23). Чырыстийау политикӕйы ӕмӕ хӕстыты куы нӕ архайӕм, уӕд уымӕй та равдисдзыстӕм, Хӕйрӕг нӕ хицау уа, уый нӕ кӕй нӕ фӕнды. Бакӕс Иоанны 17:14.

Ацы дуне Хӕйрӕджы къухы кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ адӕмы бафтыдта хӕлд хъуыддӕгтыл ӕмӕ алы ӕвзӕрдзинадыл. Ӕмӕ адӕймаг ахӕм хъуыддӕгтӕ куы нал фӕкӕны, уӕд ыл йе ’мбӕлттӕй ӕмӕ йӕ хиуӕттӕй чидӕртӕ худын райдайынц кӕнӕ йӕ ныхмӕ фӕцӕуынц (1 Петры 4:3, 4). Ахӕм уавӕры ды куыд бакӕндзынӕ: Хуыцауы чи уарзы, уыцы адӕмыл дӕхи бӕтдзынӕ? Стӕй нын нӕ уарзӕгой ӕмӕ нӕ зондджын Фыд цы закъӕттӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрдзынӕ? Кӕд о, уӕд афтӕмӕй равдисдзынӕ, Хӕйрӕг мӕнг кӕй загъта ӕмӕ адӕймагӕн йӕ бон кӕй у зын уавӕрты дӕр Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайын. Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10; 15:33.

Хуыцау уарзы адӕмы ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕнӕмӕнг кӕрон скӕндзӕн фыддзинад ӕмӕ хъизӕмӕрттӕн. Хуыцау алкӕддӕр рӕстӕй кӕй архайы, ууыл чи ӕууӕнды ӕмӕ уый хъуыддагӕй чи ӕвдисы, уыдон зӕххыл ӕнустӕм цӕрдзысты. Бакӕс Иоанны 3:16.