Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ФАРОН ЦЫ АХСДЖИАГ ХАБӔРТТӔ ӔРЦЫД

Шри-Ланкайы филиал снывонд кодтой

Шри-Ланкайы филиал снывонд кодтой

АЦЫ рӕсугъд сакъадахыл Йегъовӕйӕн филиал куы нывонд кодтой, уӕд бынӕттон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сӕ уӕлӕ скодтой, сӕ адӕмыхатт кӕй фӕдарынц, ахӕм уӕлӕдарӕс ӕмӕ, 19 бӕстӕйӕ программӕмӕ байхъусынмӕ чи ӕрцыд, уыцы 130 адӕймагӕн зӕрдиагӕй ӕгасцуай дзырдтой. Бирӕ цыдӕртӕ бацӕттӕ кодтой, цӕмӕй уазджытӕн сӕ бон фенын уыдаид бынӕттон культурӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ. Алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр фӕцыдысты хӕрзад хӕринӕгтӕ ӕмӕ рӕсугъд музыкӕ, стӕй, сывӕллӕттӕ Паддзахады зарджытӕ куыд зарыдысты, уый дӕр. Ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ адджынӕй фӕныхӕстӕ кодтой.

Филиалы ног ӕмӕ цалцӕггонд агъуыстытӕ Йегъовӕйӕн снывонд кодтой 2014 азы 11 январы, сабаты, ӕмӕ программӕмӕ лӕмбынӕг хъуыста 893 адӕймаджы. Программӕмӕ байхъусӕн уыд ӕртӕ ӕвзагыл. Ӕфсымӕр Марк Сандерсон (Разамонӕг советӕй) бафарста: «Ацы ног агъуыстытӕ уӕ фӕнды Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын?» Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ фырцинӕй сӕ къухӕмдзӕгъдӕй нал ӕнцадысты.

Иннӕ бон ӕрбацыд 7 701 адӕймаджы. Сабаты программӕйы хъуыдытӕ сын цыбыртӕй сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, стӕй ӕфсымӕр Сандерсонӕн уыд раныхас, ӕмӕ хъусджытӕн сӕ ныфсыл ныфс бафтыдта. Программӕмӕ ма видеотрансляцийы фӕрцы ноджыдӕр кастысты фондз раны, стыр залты. Алы залы дӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ Паддзахады зарджытӕ заргӕйӕ кӕрӕдзи уыдтой ӕмӕ хъуыстой. Ахӕм фадат сын фыццаг хатт уыд. Ацы хабар алкӕмӕн дӕр «стыр циндзинад» ӕрхаста (Неем. 12:43).