Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ДОМИНИКАНЫ РЕСПУБЛИКӔ

Ног агъуыстытӕ

Ног агъуыстытӕ

«Цӕмӕй алыхуызон адӕм... фервӕзой»

Йегъовӕйы фӕнды, «цӕмӕй алыхуызон адӕм, рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной ӕмӕ фервӕзой» (1 Тим. 2:4). Уымӕ гӕсгӕ Доминиканы Республикӕйы цӕрӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕппӕт хъарутӕй архайынц, цӕмӕй хорз хабар фӕхӕццӕ кӕной сӕ бӕстӕйы алы къуыммӕ дӕр, уыимӕ, ахӕстӕтты чи бады, уыдонмӕ дӕр.

1997 азы дыууӕ сӕрмагонд пионеры, лӕг ӕмӕ ус, ӕрбацыдысты, Сан-Кристобалы чи уыд, уыцы ахӕстонмӕ, «Нахайо», зӕгъгӕ. Уырдӕм алы къуыри дӕр цыдысты, фылдӕр базонын кӕй фӕндыд, уыцы ахст адӕммӕ. Ӕмӕ дзы сӕмбӕлдысты иу 23-аздзыд чызгыл, Глорийыл. Уыцы чызг уыд Колумбийӕ, ӕмӕ ахӕстоны бадти, сусӕгӕй наркотиктӕ иу бӕстӕйӕ иннӕ бӕстӕмӕ кӕй ласта, уый тыххӕй. Уый размӕ-иу Глори ныхас кодта, ӕнаххосӕй кӕй сбадын кодтой, иу ахӕм хоимӕ. Сӕрмагонд пионертӕ Глорийӕн ӕрбахастой чиныг «Адӕмимӕ ныхас кӕнӕм Фыстадмӕ гӕсгӕ» * ӕмӕ ма ӕндӕр публикацитӕ дӕр, цӕмӕй дзы йӕ фарстатӕн дзуапп ссардтаид. Глори афтӕ зӕрдиагӕй кӕй ахуыр кодта, уый иннӕ ахст адӕмыл афтӕ тынг фӕзынд, ӕмӕ ноджы фылдӕр адӕмы бафӕндыд, цӕмӕй сӕм ӕфсымӕртӕ алы къуыри дӕр цыдаиккой.

Глори рӕстдзинад кӕй базыдта, уый фӕрцы йӕ цард цӕхгӕр фӕивта, ӕмӕ 1999 азы сси ӕнаргъуыд хъусынгӕнӕг. Алы мӕй дӕр ахӕстоны 70 сахатӕй фылдӕр хъусын кодта ӕмӕ 6 адӕймагимӕ Библи ахуыр кодта. 2000 азы Глори бӕстӕйы президентмӕ писмо ныффыста, цӕмӕй йын ныххатыр кодтаиккой ӕмӕ йӕ рауагътаиккой. Ӕмӕ йӕхи хорз кӕй дардта, уый тыххӕй йӕ рауагътой, ӕмӕ фӕстӕмӕ Колумбимӕ аздӕхт. 2001 азы, сӕхимӕ куы ’рыздӕхт, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр, донаргъуыд райста, кӕд йӕ бинонтӕ йӕ ныхмӕ карзӕй цыдысты, уӕддӕр.

Глори Кардонӕ рӕстдзинад базыдта ахӕстоны. Ныр йӕ цардӕмбалимӕ лӕггад кӕнынц пионертӕй

Глори донаргъуыд куы райста, уӕд райдыдта пионерӕй лӕггад кӕнын. Фӕстӕдӕр смой кодта, хистӕр нӕлгоймагӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕрмӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ дӕр сты ӕххӕстрӕстӕг пионертӕ. Ныр лӕггад кӕнынц Колумбийы, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ран. Глори цалдӕр адӕймагӕн баххуыс кодта, цӕмӕй сӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодтаиккой ӕмӕ донаргъуыд райстаиккой. Уый загъта, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы раз мӕхи хӕсджыныл нымайын, ӕмӕ мӕ хӕс ӕрмӕстдӕр уӕд бафиддзынӕн, ӕмӕ мын мӕхицӕн куыд баххуыс кодтой рӕстдзинад базонынӕн, ӕз дӕр иннӕтӕн афтӕ куы ’ххуыс кӕнон. Глорийы хабарӕй бӕрӕг у, ахӕстоны дуӕрттӕ адӕймаджы кӕй нӕ бауромдзысты, цӕмӕй рӕстдзинад базона.

Филиалӕй ӕфсымӕртӕ фембӕлдысты Ахӕстӕтты сӕйраг хайады кусджытимӕ, цӕмӕй сын бар радтаиккой ноджы фылдӕр ахӕстӕтты адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнынӕн. Ӕмӕ 43 ӕфсымӕрӕн ӕмӕ 6 хойӕн бар радтой, цӕмӕй 13 ахӕстоны адӕмимӕ Библи ахуыр кодтаиккой.

«Дӕ цатыры бӕттӕнтӕ фӕдаргъдӕр кӕн»

20 ӕнусы кӕрон Доминиканы Республикӕйы уыд 342 ӕмбырды ӕмӕ 21 684 хъусынгӕнӕджы, стӕй Библи ахуыр кодтой 34 380 адӕймагимӕ. Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацыд 72 679 адӕймаджы. Йегъовӕйы адӕмӕн сӕ нымӕцыл афтӕ тынг кӕй ӕфтыд, уымӕ гӕсгӕ ӕвӕстиатӕй архайын райдыдтой Исайы ныхӕстӕм гӕсгӕ: «Дӕ цатыры бынат фестырдӕр кӕн. Де стыр цӕрӕнбынаты ӕмбӕрзӕнтӕ дын айтындзӕнт. Мацы бавгъау кӕн. Дӕ цатыры бӕттӕнтӕ фӕдаргъдӕр кӕн» (Ис. 54:2).

Уыйбӕрц адӕм кӕм бацыдаиккой, ахӕм Конгрессты зал саразынӕн бынат ссарын ӕнцон нӕ уыд. Санто-Домингойы филиалы фарсмӕ Конгрессты зал арӕзт ӕрцыд 1996 азы, ӕмӕ дзы ӕмбырд кодтой сӕйраг горӕты ӕмӕ йӕ алыварс районты цӕрджытӕ, ӕмӕ сын фаг кодта. Вилья-Гонсалесы цы Конгрессты зал уыд, уым та ӕмбырд кодтой бӕстӕйы ӕндӕр районты цӕрджытӕ, фӕлӕ йӕ ӕнӕмӕнгдӕр хъуыди сцалцӕг кӕнын кӕнӕ та йӕ бӕсты ног зал саразын.

2001 азы Разамонӕг совет уынаффӕ рахаста, цӕмӕй Вилья-Гонсалесы уыцы ран арӕзт ӕрцыдаид, 2 500 адӕймаджы кӕм бацыдаиккой, ахӕм Конгрессты зал. Стӕй ма фехъусын кодтой, Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъола (абон йӕ бӕсты ис Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъола) кӕм уадзой, ахӕм агъуыст аразын кӕй фӕнд кӕнынц, ӕмӕ ӕфсымӕртӕ тынг цин кодтой. Хъуамӕ йӕ сарӕзтаиккой Конгрессты залы фарсмӕ, ӕмӕ дзы хъуамӕ уыдаид къомнӕттӕ, кълӕстӕ, библиотекӕ, къухни ӕмӕ хӕрӕндон. 2004 азы ног агъуыстытӕ Йегъовӕйӕн куы нывонд кодтой, уӕд раныхас уыди Теодор Ярачӕн, Разамонӕг советы чи уыд, уыцы ӕфсымӕрӕн. Уыцы скъолайы ахуыр кодта 15 къласы.

^ 2 абз. Уырыссагау хуыйны «Рассуждение с помощью Писаний».