Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ДОМИНИКАНЫ РЕСПУБЛИКӔ

Фидар фӕлӕууыдысты, ӕмӕ уавӕр ӕнӕнхъӕлӕджы фӕивта

Фидар фӕлӕууыдысты, ӕмӕ уавӕр ӕнӕнхъӕлӕджы фӕивта

Хъусын кӕнгӕйӕ уыдысты къӕрцхъус

Рафаэль Паред ӕмӕ йӕ бинойнаг Франсиа лӕггад кӕнынц Вефилы. Рафаэль хъусынгӕнӕг сси 1957 азы, 18 азы йыл куы цыд, уӕд. Хъуыды ма йӕ кӕны, хъусын кӕнынмӕ куы ацыд, уӕд пъӕлицӕйы кусджытӕй иу йӕ фӕдыл сусӕгӕй куыд зылд – йӕхи дӕр ӕмӕ йемӕ чи уыд, уыдоны дӕр ӕрцахсынмӕ хъавыд. Рафаэль дзуры: «Цӕмӕй-иу нӕ ма ӕрцахстаиккой, уый тыххӕй-иу нӕ хатт бахъуыд фӕсвӕд уынгтыл ацӕуын ӕмӕ-иу заборты сӕрты агӕпп кӕнын». Андреа Алмансар радзырдта, цы арӕзтой, цӕмӕй сӕ ма ӕрцахстаиккой. Уый загъта: «Хъуамӕ къӕрцхъус уыдаиккам. Хъусын кӕнгӕйӕ-иу иу хӕдзармӕ куы бахостам, уӕд-иу уый фӕстӕ иннӕ дӕс хӕдзары фӕуагътам, ӕмӕ та-иу уӕд иннӕ хӕдзармӕ бахостам».

Уавӕр ӕнӕнхъӕлӕджы фӕивта!

Трухильо бӕстӕйы хицау уыди 30 азы бӕрц, фӕлӕ 1959 азы политикӕйы уавӕр ивын райдыдта. Уый размӕ Доминиканы Республикӕйӕ кӕй арвыстой, уыдонӕй чидӕртӕ 1959 азы 14 июны ӕрбабырстой, цӕмӕй та Трухильойы йӕ бынатӕй раппӕрстаиккой. Фӕлӕ уыдонӕн дӕр сӕ фӕндӕй ницы рауад. Уыцы змӕнтджытӕй кӕй ахсгӕ ӕркодтой, кӕй та – маргӕ. Фӕлӕ уӕддӕр Трухильойӕн йе знӕгтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой. Уыдон ӕмбӕрстой, йӕ хицаудзинад бынтон фидар кӕй нӕу, ӕмӕ уӕд ноджы тынгдӕр райдыдтой йӕ ныхмӕ архайын.

Кӕд католикон аргъуаны разамонджытӕ Трухильоимӕ бирӕ азты дӕргъы лымӕн уыдысты, уӕддӕр 1960 азы 25 январы писмо ныффыстой, зӕгъгӕ, дам, хицауад адӕмы бартӕ кӕй ницӕмӕ дары, уый раст нӕу. Доминикайнаг историк Бернардо Вегӕ ныффыста: «1959 азы июны Доминиканы Республикӕйы хицауы йӕ бынатӕй раппарынмӕ чи хъавыд, уыдон карз ӕфхӕрд баййӕфтой. Фӕстӕдӕр та ахӕм ӕфхӕрд баййӕфтой, бӕстӕйӕн йӕхимидӕг Трухильойы хицаудзинады ныхмӕ чи цыд, уыдон. Ӕмӕ уӕд аргъуан фыццаг хатт Трухильойы ныхмӕ дзурын райдыдта».

Диссаг уый у, ӕмӕ 1960 азы майы хицауад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ногӕй хъусын кӕныны бар радта. Уый ӕнхъӕл дӕр ничи уыд, ӕмӕ сын бирӕ азты фӕстӕ Трухильо йӕхӕдӕг ратдзӕн уыцы бар. Уыцы хабар ӕрцыд, католикон аргъуаны разамонджытимӕ кӕрӕдзимӕ знаджы цӕстӕй кӕсын куы райдыдтой, уӕд.