Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ДОМИНИКАНЫ РЕСПУБЛИКӔ

Хуыцауӕн лӕггад кӕнын мӕ нал фӕндыд

Мартин Паредес

Хуыцауӕн лӕггад кӕнын мӕ нал фӕндыд
  • РАЙГУЫРД: 1976 азы.

  • ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1991 азы.

  • ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ. Мартин хъуамӕ сауджын суыдаид, фӕлӕ уыцы рӕстӕг рӕстдзинад базыдта. Уый бирӕтӕн баххуыс кодта, цӕмӕй ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнын райдыдтаиккой.

ӔЗ СХЪОМЫЛ ДӔН, католикон диныл тынг ӕнувыд чи уыд, ахӕм бинонты ’хсӕн, ӕмӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй сауджын суыдаин. 12 азы мыл куы цыд, уӕд фӕдӕн, алыхуызон сауджынтӕ кӕй уагътой, ӕртӕ ахӕм курсы. 1990 азы та мӕ фӕхуыдтой нӕ бӕстӕйы ӕппӕты хуыздӕр семинаримӕ, уӕд мыл цыд 14 азы.

Дины хъуыддӕгты мын бирӕ ӕнтыст, ӕмӕ мын загътой, дарддӕр, дам, афтӕ зынгзӕрдӕйӕ куы архайай, уӕд, дам, епископ суыдзынӕ. Фӕлӕ фыдӕнхъӕл фӕдӕн. Библийы цы фыст ис, уый мын нӕ амыдтой, фӕлӕ алыхуызон философитӕ. Уымӕй уӕлдай ма сауджынтӕ тынг ӕнӕгъдау митӕ кодтой. Ӕмӕ мӕнӕн дӕр семӕ ӕнӕгъдау митӕ куы кӕнын кодтой, уӕд мӕ бынтондӕр нал фӕндыд Хуыцауӕн лӕггад кӕнын.

Уыцы рӕстӕг нӕ семинарийы бухгалтермӕ ӕрбацыд дыууӕ миссионеры, лӕг ӕмӕ ус, ӕмӕ йын радтой чиныг «Дзуаппытӕ дӕ фарстатӕн» *. Ӕз дзы уыцы чиныг ракуырдтон ӕмӕ йӕ кӕрӕй-кӕронмӕ бакастӕн. Ӕмӕ мӕхицӕн загътон: «Ай, цы агуырдтон, уый куы ссардтон!» Уӕд семинари ныууагътон, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдтон. Аст мӕйы фӕстӕ, 1991 азы июлы, донаргъуыд райстон. Ӕмӕ райдыдтон ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын. Фӕстӕдӕр та мӕ цард баиу кодтон Марийӕимӕ. Уый дӕр лӕггад кодта ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй. 2006 азӕй Марийӕимӕ лӕггад кӕнӕм сӕрмагонд пионертӕй. Кӕд мӕ иуафон Хуыцауӕн лӕггад кӕнын нал фӕндыд, уӕддӕр ын абон лӕггад кӕнын ӕмӕ, рӕстдзинадӕй ӕххормаг чи у, уыцы адӕмӕн ӕхсызгонӕй ӕххуыс кӕнын.

^ 3 абз. Уырыссагау хуыйны «Ответы на твои вопросы».